Ираклий Гъарибашвили – приоритетон уыд Мюнхены конференцийы платформæйæ спайда кæнын нæ европаг æмæ евроатлантикон тырнынадтæ ноджы иу хатт бахахх кæнынæн
Махæн приоритетон уыд юнхены æдасдзинады конференцийы платформæйæ спайда кæнын нæ европаг æмæ евроатлантикон тырнындаты нодлжы иу хатт бахахх кæнынæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили фыссы «Фейсбукы» официалон фарсыл.
Хицауады сæргълæууæг куыд банысан кодта афтæмæй, конференцийы æлгæтты, уый фембæлдис куыд политикон лидертимæ, афтæ бизнес-зылдты минæвæрттимæ æмæ ставддæр компаниты фыццаг уæнгтимæ.
«Æнтыстджын визит мын уыд Мюнхенмæ, æдасдзинады 58-æм конференцийыл, цы ран йæхæдæг конференцийы сæрдар Вольфганг Ишингеры хуындæй уыдтæн. Фембæлдтæ мын уыд куыд политикон лидертимæ, афтæ бизнесзылдты минæвæрттимæ æмæ ставддæр компаниты фыццаг уæнгтимæ. Махæн приоритетон уыд Мюнхены æдасдзинады конференцийы платформæйæн спайда кæнын неæ европаг æмæ евроатлантикон тырнынадтæ ноджы иу хатт бахахх кæнынæн. Æдасдзинады æрдгæй уæвæг быцæусидтыты фоныл, ноджы иу хатт сбæлвырд кодтамп хъæддых фарсхæцын нæ украинаг хæлæрттæн, афтæма нæ æхсæнадæмон партнертимæ фæуынаффæ кодтам уавæры ифтыгъд суадзыны фæндæгтыл. Иттгæ нысаниуæгджын уыд визит фæлгæтты экономикон фембæлдтæ, уымæн æмæ нæ бæстæйы рапарахат, зæрдæмæдзæугæдзинад стынг кæнын, у иуæй-иу нысаниуæгджын мæцъис, цæмæй æрбаасæм куыд гæнæн ис фылдæр комкоммæ фæсарæйнаг инвестици, стынг кæнæм экономикæ æмæ суæм регионон хабб» – фыссы премьер-министр.