Ираклий Гъарибашвили паддзахадон уагдæтты кусджытæн профессион боны фæдыл арфæ кæны

13:29, 19.12.2022

Паддзахадон   службæты  фæллойгæнджытæн профессион боны фæдыл арфæ кæнын æмæ  сын бузныг дзурын, адæмы æмæ паддзахады  раз  се куысты  тыххæй, –   уый фæдыл   Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий  Гъарибашвили  фыссы «Фейсбукы».

Гъарибашвилийы  дзырдæй,  паддзахадон фæллойгæджынты  хайбавæрд  аргъ скæнын гæнæн цæмæй нæй  уый йас у, уымæн  æмæ  профессионал  кусджытæ  алы    паддзахадон уагдоны змæлынгæнæг  тых, йæ  райрæзты  сæйраг актортæ  сты.

«Гуырдзыстоны  хицауад дарддæр кæны   паддзахадон фæткдæттыны æмæ йæ   иттæг  нысаниуæгджын хай –  паддзахадон  куыстыты реформæ, кæцы  йæ  хъуыдыйы  дары  Ервопаг   принципты æрфидар  кæнын æмæ институтцион   гарантитæ  сифтонг кæнын.  Фидæны  паддзахадон   куысты  арæзтады  паддзахадон  фæллогйæнджыты  хайбавæрдæн æмбæлгæ  аргъ кæнын  у  хицауады  приоритет. Рæстдæр уый тыххæй   сæ  мыздты  сбæрзонддæр кæныны процесс 2022 азы  райдыдта æмæ  иннæ азты дæр адарддæр уыдзæн», –  банысан кодта  Ираклий Гъарибашвили.

Хуыздæр