Ираклий Гъарибашвили  официалон  визитæй Венгримæ  араст ис
Ираклий Гъарибашвили официалон визитæй Венгримæ араст ис

Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  официалон визитæй  Венгримæ араст ис.

Гуырдзыстоны  премьер-министры пресс-куысты  информацийæ,  визиты фæлгæтты,  хицауады сæрдар Венгрийы  сæйраг горæт Будапешты  бæрзонд  æмвæзады фембæлдтæ ауадздзæн.

Визиты фæлгæтты, афтæма  æхсæнхицауадон  экономикон  комисии ацæудзæн.

Гуырдзыстоны  делегацийы  сконды, кæцыйæн премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  къухдариуæг кæны, сты  вице-премьер, экономикæ æмæ  æнæфæцудгæ  райрæзты  министр Леван Давиташвили, фæсарæн хъуыддæгты  министр  Илиа Дарчиашвили,   хицауады  администраийы   регионтимæ ахастыты  департаменты  хистæр  Лери Барнабишвили  æмæ  хицауады  администрацийы  хистæр  Реваз  Джавелидзе.