Ираклий Гъарибашвили – ныфс нæм ис, нæ тыхархайды активизацийы фоныл Евроцæдис æмæ Гуырдзыстоны æхсæн уæвæг фидар цæдистæ ноджы стынг дæр уыдзысты
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили европаг сыхагон политикæ æмæ ауæрæхы фарстаты Еврокомиссар Оливер Вархейимæ фембæлды кой кæны социалон хызаг «Твиттеры».
Хицауады сæрдар ныфс дары, ома Гуырдзыстон Евроцæдисы уæнгсуæвны процессы фæтагъд кæныны нысанæн, тыхархайды активизацийы фоныл Евроцæдисы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн уæвæг фидар цæдистæ ноджы стынгдæр уыдзсты.
«Фæстиуæгджын ныхас мын уыдзæн Еврокомиссар Оливер Вархейимæ Гуырдызстоны æмæ æмæ Евроцæдисы æхсæн дыууæфарсон ахастыты фарстатыл. Ныфс мæ ис, цæмæй Гуырдзыстоны евроцæдисы уæнгсуæвыны процесс фæтагъд кæныны нысанæн, нæ тыхайрхайды активизацийы фоныл не хсæн уæвæг фидар цæдистæ ноджы стынгдæр уыдзысты» фыссы премьер-министр.