Ираклий Гъарибашвили – ноджы иу хатт мæ фæнды райхъусын кæнын, Гуырдзыстоны бынат ис Европæйы, Гуырдзыстон Евроцæдисы уæнгдзинады кандидаты статусы аккаг у
Ноджы иу хатт мæ фæнды зæгъын, Гуырдзыстоны бынат ис Евроæпйы, Гуырдзыстон Евроцæдисы кандидаты статусы аккаг у – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили консервативон политикон архæйдтыты æрвылазон конференцийы (СРАС), Будапешты райхъусын кодта.
Хицауады сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй, Гуырдзыстон абон Европæйæ æнхъæлмæ кæсы дардтыл хъуыдыгæнæг уынаффæмæ Евроцæдисы уæнгдзинады кандидаты статусы фæдыл.
«Гуырдзыстоны растдæр сæрибар идеал змæлын кæны æнусты дæргъы Еровпæйы нациты бинонты æххæстаргъджын уæнгсуæвынмæ тырнынады, уыц Европæйы кæцы растдæр чырыстонон хæзнатыл бындурæвæрд у. Нæ хицауады уагъд масштабон реформæты фæстиуæгæн абон афтæ хæстæг стæм ацы нысанмæ, куыд никуы раздæр. Егъау тыхархайд скодтам законы сæйрагдзинады æмæ демократийы, экономикон размæцыды æмæ социалон рæтсгадзинад сифтонг кæнынæн; паддзахадон институцтты арæзтад æмæ æхсæнадон институтты стынг кæнын рæстагæй аккаг у авторитетон æхсæнадæмон арггъгæнджыты банымады æппæт Дунейы. Уый амонæг у авторитетон æхсæнадæмон организациты интасæнтæ. Дæнцæн «World justice project» -ы закъоны сæйрагдзинады индексæй 2022 азы иртасæны, гуырдзыстон фыццаг бынатыл ис хурыскæсæн Европæйы æмæ Централон Азийы. Дунеййон Банкы фæткдариуæгы индексæй нæ фæсæт фæуагъдтам НАТО æмæ Евроцæдисы бирæ бæстæ. Æхсæнадæмон æргомдзинады коррупци рахатыны индексæй лидер стæм регионы. «Heritage foundation»-ы экономикон сæрибардзинады индексæй, евроцæдисы 11 бæстæ нæ фæстæ фæуагъдтам. Бюджеты æхсæнадæмон партнерады2021 азы æргом бюджеты иртасыны Дунейон рейтингы Гуырдзыстон, паддзахадон бюджеты æргомдзинады æрдгæй, 120 бæстæйы æхсæн фыццаг бынат ахсы.
Нæ хицауады куысты сæйраг æнтыст у визалиберализаци, Евроцæдисимæ ассоциацидзинады бадзырд æмæ сæрибар базарады бадзырд, абон та нырид – Евроцæдисæй Гуырдзыстонæн европаг перспективæйы лææрд. Афтæдæр мæ фæнды спайда кæнын фадатæй æмæ раарфæ кæнон премьер Орбанæн ацы тыхархайдæн аргъ скæныны æмæ иудадзыг нфарсдарыны тыххæй.
Абон Европæйæ æнхъæлмæ кæсæм дардтыл хъуыдыгæнæг уынаффæмæ Евроцæдисы уæнгдзинады кандидаты статусы фæдыл. Уый нæ хицауады æмæ адæмы иумæйаг тыхархайды аккаг банымад уыдзæн, ноджы иу хатт мæ фæнды райхъусын кæнын, Гуырдзыстоны бынат ис Европæйы, Гуырдзыстон Евроцæдисы уæнгдзинады кандидаты статусы аккаг у!» -райхъусын кодта премьер-министр.