Ираклий Гъарибашвили – нæ политикæйæ, нæ архæйдтытæй сбæлвырд кодтам, цæмæй алы бæстæйæн, сæ суверенитетæн цыт кæнæм, фæлæ нæхи бæстæ уæддæр фылдæр уарзæм

11:52, 26.12.2022

Бирæ  хатт загътон æмæ  уый бæлвырд равдыстам нæ политикæйæ, нæ архæйдтытæй, ома алы  бæстæйæн, алы  бæстæйы сувекренитетæн  цыт кæнæм, фæлæ  сегасдæр фылдæр нæхи бæстæ уарзæм –  уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр   Ираклий Гъарибашвили минæвæртты  конференцийыл   дзырдæй   ралæуды рæстæджы  загъта.

Йæ  дзырдæй зæгъгæ,  зæрдæмæдзæугæ нæу, Украинайы  хицауады минæвæртты  фидиуæнтæм хъусын, фæлæ  бæстæ  хæсты кæй ис уый тыххæй, Гуырдзыстоны  хицауады нæ фæнды  ацы темæйыл уæлдайджын комментаритæ аразын.

«Цæй зæгъын æй хъæуы,  зæрдæмæдзæугæ нæ уыд, комкоммæ  зæгъæм  уыцы  фидиуæнтæм хъусын, кæцытæ арызтой   Украинайы   хицауады минæвæрттæ, фæлæ  мæ фæнды  банысан кæнын, цæмæй   бæстæ  хæсты уавæры кæй ис уый тыххæй,  ацы  темæйыл нæ уæдай   ныхас кæнын  нæ  фæнды.  Иу цыдæр зæгъдзынæн,  нæ сæйраг рард у  нæ  сæрмагонд  националон  интерестæ  хъахъхæнын.  Æнæиу хатт   загхтон æмæ уый  нæ политикæйæ, нæ архæйдтытæй  сбæлвырд кодтам, ома  цæй зæгъын æй хъæуы, алы  бæстæйæн, алы  бæстæйы сувекренитетæн  цыт кæнæм, фæлæ  сегасдæр фылдæр нæхи бæстæ уарзæм. Уымæ гæсгæйæ дæр,  нæ сæйраг   хæс у, нырма нæхи бæстæйы интерестæ бахъахъъхæнын. Цæй зæгън æй хъæуы  ацы стыр хъуыддаджы,  сымах, минæвæртты   роль у сæрмагонд, цæмæй раст фæхæццæ кæнæм сæйраго горæттæм  нæ  хъуыдытæ, раст равдисæм нæ бæстæйы  интерестæ æмæ эффективон бахъом уæм  уыцы дезинформацион кампанийæн, кæцы  цæуы æнæрмæст хъыгагæн нæхи бæстæйæ, фæлæ ма æндæр бæстæтæй  дæр.  Дзæбæх æмбарæм, цæмæй  уый у  оркестриргонд бырст нæ бæстæйы национ интерестæм.  Уый тыххæй дæр  ацы  бырст, дезинформациæн хъæуы   эффективон коонтр-архæйдтытæ» -райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.

 

Хуыздæр