Ираклий Гъарибашвили – нæ дзыллæ хицауадимæ баиу стæм æмæ Украинамæ 1000 тоннæйæ фылдæр гуманитарон æххуыс арвыстам, æндæр уæлæмхас гуманитарон æххуыс дæр адарддæр кæндзыстæм
Украианйы ацы æбуалгъ хæст райдаыны фæстæ æхсæнад æмæ хицауад баиу стæм, арвыстам 1000 тоннæйæ фылдæр гуманитарон æххуыс. Æндæр уæлæмхас гуманитарон æххуысы тыххæй куы зæгъæм, уæд, цæй зæгъын æй хъæуы, ноджы иу хатт фæуынаффæ кæндзыстæм æмæ ацы æххуыс адарддæр кæндзыстæм, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили загъта журналисттæн.
Афтæма йæ дзырдæй, Украинайы постæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ, Гуырдзыстон 190 бæстæйы æхсæн фыццаг бынатыл уыд, кæцы сеппæтæй фылдæр гуманитарон æххуыс арвыста Украинайæн.
«Зонут Украинайы ацы æбуалгъ хæст куы райдыдта уый фæстæ, адæм, наци баиу стæм, æхсæнад баиу ис хицауадимæ æмæ 1000-йæ фæылдæр гуманитарон æххуыс арвыстам. Украинайы посты бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ, 190 бæстæйы æхсæн уыдыстæм фыццаг бынатыл, сегасдæр фылдæр гуманитарон æххуыс чи арвыста Украинайæн уыдонæй.
Зонут, цæмæй уæдмæ мах афтæдæр баххуыс стæм Гуырдзыстоны уæвæг украинаг лигъдæттæн, максималон æххуыс сын уыд æмæ нырдæр дарддæр кæны ацы æххуыс. Цæвиттонæн, цахмæдæр у украинаг æвзагыл ахуыр. Украинаг сывæллæттæ ахуыр кæнынц украинаг скъолаты, кæцыты сын бакодтам. Æндæр уæлæмхас æххуысыл, гуманитарон æххуысыл мах ноджы уынаффæ кæнæм, бацагурдзыстæм æххуысы фадæттæ æмæ, цæй зæгъын æй хъæуы, адарддæр кæндзыстæм æххуыс кæнын», – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.