Ираклий Гъарибашвили  конкурентхъомады æмæ зонындзинад баивды  фарстаты Иугонд Арабаг Эмиратты кабинеты хъуыддæгты министры хæдивæгимæ фембæлдис
Ираклий Гъарибашвили конкурентхъомады æмæ зонындзинад баивды фарстаты Иугонд Арабаг Эмиратты кабинеты хъуыддæгты министры хæдивæгимæ фембæлдис

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  конкурентхъомады æмæ зонындзинад баивыны   фарстаты Иугонд Арабаг Эмиратты  кабинеты  хъуыддæгты министры хæдиуæгимæ Абдулла  Нассер Лутаимæ фембæлдис.

Абдулла Насер Лута  Гуырдзыстоны премьер-министрæн Иугонд Арабаг Эмиратты  премьеры номæй алæвæрдта хонæн фæткдæттынады фарстатыл дунейы саммиты хайад райсынæн, кæцы 12-14  февралы  Дубайы  ацæудзæн.  Хицауады сæрдар  банысан кодта, цæмæй  Гуырдзыстон цæттæ у спайда кæна ацы платформæйæ, цæмæй  стынг кæна  æмгуыстад партнертимæ.

Фембæлдыл æркастысты Гуырдзыстоны æмæ Иугонд Арабаг Эмиратты   æхсæн  æппæтылæххæссæг  экономикон   æмгуыстады  фæдыл  бадзырды  (СЕРА) нысаниуæг. Ираклий Гъарибашвилийы  дзырдæй,  зæгъгæ бадзырд  хъæддых бындур дæтты  Гуырдзыстоны æмæ Иугонд Арабаг Эмиратты  æхсæн   фидардæр  æмæ консолидацигонд дæр  базарадон-экономикон   ахастытæ стынг кæнынæн.