Ираклий Гъарибашвили хъусын кæны, цæмæй фарстаты анкеты дыккаг хайы, Евроцæдисмæ, лæвæрд æмгъуыдæй тагъддæр бавдисдзысты
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, Евроцæдисы уæнгдзинады фæдыл куырдиатимæ баст фарстаты анкеты фыццаг хайыл куыст фæцис æмæ баххæстгонд документы, Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцеллмæ адæтдзæн.
Премьер бузныг загъта алкæмæн, чидæриддæр фарстаты анкеты баххæсты процессы иста хайад.
«Мах нырид фестæм кусын Евроцæдис фарстаты анкетыл. Фыццаг хай цæттæ у æмæ абон æз мæхæдæг адæтдзынæн Евроцæдисы минæвар Карл Харцеллмæ баххæстгонд документ. Фæнды мæ ноджы иу хатт бузныг зæгъын алкæмæн, фидриддæр баст уыдис ацы процессы. Ай уыдис тынг егъау куыст æмæ йæ æнтыстджынæй сыххæст кодтам», – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.
Премьер афтæдæр банысан кодта, цæмæй евроцæдисы фарстаты анкеты дыккаг хайыл куыст цæуы. Йæ дзырдæй, зæгъгæ баххæстгонд документы, евроцæдисмæ æмгъуыдагъоммæ бавдисдзысты.
«Ныр цæуы куыст документы дыккаг хайыл, кæцы ноджы уæрæхдæр у. 2300-йы бæрц фарст дзы ис. Анкеты дыккаг хай у 33 сæрæй – техникон, секторон, фадыгон æрдæмадтæ. Дыккаг хайы 13 зæрдæвæрынмæ бавдисдзыстæм Евроцæдисмæ», – банысан кодта Ираклий Гъарибашвили.