Ираклий Гъарибашвили – Хæстмæ баиу кæныныл, Украинайы хицауады  официалон уæнгты æргом фидиуæнтæй  дарддæр,  ноджы фылдæр информаци зонæм, кæцыйы тыххæй  æргомæй ныхас кæнын гæнæн нæй
Ираклий Гъарибашвили – Хæстмæ баиу кæныныл, Украинайы хицауады официалон уæнгты æргом фидиуæнтæй дарддæр, ноджы фылдæр информаци зонæм, кæцыйы тыххæй æргомæй ныхас кæнын гæнæн нæй

Украинайы хицауады официалон уæнгтæ, сæ нымæцы   æдасдзинады  советы  нымæрдар, æргомæй райхъусын кодтой, ома сæ  фæндон уыд, Гуырдзыстоны  байгом уыдаит дыккаг  фронт, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр. Ираклий Гъарибашвили  райхъусын кодта.

Ираклий Гъарибашвили куыд банысан кодта афтæмæй,   хæстмæ баласыны  темæйыл бирæ  цыдæр  ис, кæцыйы фæдыл бирæ  загъдæуыд  æргомæй, бирæ зæгъын  та гæнæн нæй.

«Хæстмæ баиу кæныны темæйы тыххæй, бирæ цыдæр  фæзæгъынц, æргомæй та бирæ цыдæр зæгъæн  нæй. Зæгъдзынæн уын сæйраг, ома Украинайы  хицауады официалон уæнгтæ, сæ нымæцы  æдасдзинады советы нымæрдар, æргомæй райхъусын кодтой, цæмæй  сæ фæндон уыд  Гуырдзыстон байгом уыдаит  дыккаг  фронт, цæмæй  æнæрмæст украинаг сылгоймæгтæ æмæ  сывæллæттæ  аскуыдаиккой, фæлæ ма   гуырдзиæгтæ дæр, ацы фронт æмæ ацы хæст хъуамæ ахиза Гуырдзыстонмæ дæр, ахæм уыд  йæ официалон фидиуæн.  Уый æддæмæ ма, тынг бирæ аналогион фидиуæнтæ фехъуыстам æмæ уымæн фылдæр информаци зонæм, кæцы  хъыгагæн,  æргомæй   зæгъын гæнæн нæй, фæлæ  хуыцауы руаджы,  абон бæстæйы хицауады ис  парти «Гуырдзиаг Бæллицц» æмæ мах, алчи, хицауад, чи ахицæн кодтам, цæмæй  махæн сæйраг у  нæ адæмы, бæстæйы æмæ Гуырдзыстоны интерестæ.  Алы бæстæйæн  цыт кæнæм, алы  адæмтæн кад кæнæм, фæлæ  сеппæтæй фылдæр  уарзæм нæхи бæстæ æмæ сеппæтæй  фылдæр хъахъхъæндзыстæм нæ бæстæйы  интерестæ», –  райхъусын кодта Гъарибашвили.