Ираклий Гъарибашвили – Катайгæнгæйæ нæ цæст дарæм Украинайы цæугæ хæстмæ, цы цæуы уый абсолютонæй нæрайсгæ у

12:36, 28.02.2022

Кæй зæгъын æй хъæуы, катайгæнгæйæ  нæ цæст дарæм  Украинайы  цæугæ  хæстмæ,  фæнды мæ, ноджы иу  хатт  нæ  зæрдæрыст  равдисын, –  уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили  хицауады рабадтыл райхъусын кодта.

Афтæма йæ ныхæстæм  гæсгæ,  зæгъгæ Украинайы  цы уавæр ис, уый бынтон нæрайсгæ у.

«Украинамæ ныббырст æмæ æфсæддон архæйдтæ цæй зæгъын æй хъæуы  нæйрайсгæ сты  æмæ йæ ныхмæ у  æхсæнадæмон барады  принциптæн æмæ фæткæвæрдæн.  Уый фæдыл  нын уыд нæ украинаг коллегæимæ коммуникаци.  Равдыстам солидарондзинад æмæ  фарсхæцын политикон æмвæзыл.

Афтæдæр мæ фæнды зæгъын, цæмæй абон райсом, мæ уынаффæйæ  100 тоннæ  гуманитарон  уæз  ныххæццæ ис  Польшæмæ, кæцы лæвæрд уыд украинаг фарсмæ. Цæй зæгхын æй хъæуы, ацы  гуманитарон уæз  у æххуыс  нæ  украинаг хотæн æмæ æфсымæртæн.  Украинайы æмбæстæгтæ, кæцытæ  Гуырдзыстоны сты æмæ  сын нæ уыд фадат  Украинамæ  аздæхын, уыдонмæ дæр лæвæрд цæуы  алы  сервис æмæ  алы  лæггад Тбилисы æнæфидгæйæ» – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.

Премьер-министр куыд банысан кодта афтæмæй,  Гуырдзыстон алы  æмвæзыл  хъæддых фарсхæцын  æмæ  солидарондзинад  равдыста Украинайæн.

«Алы æхсæнадæмон форматы, OSCE-ы министериал æви  Ино-йы  форматы, алы  æмвæзыл  хъæддых фарсхæцын  æмæ солидарондзинад равдыстам  Украинайæн.

Афтæдæр мæ  барамындæй, фæсарæн хъуыддæгты министр  райста хайад, OSCE-ы министериалы, Гуырдзыстон баиу ис  Евроцæдисы документмæ. Уымæй ноджы иу хатт  лырысæй,  хаххгондæй  равдыстам  фарсхæцын Украинайæн  æмæ  дырыс  солидарондзинад   нæ  украинаг хотæн æмæ æфсымæртæн.  Афтæма  йæ фарс рахæцыдыстæм  Европæйы Советы  уынаффæйæн Уæрæсейæн  бартæ фæурæды фæдыл æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы,  OSCE-ы иудадзыгархайæг  советы стынггонд рабадтыл  министр Залкалиани, тыг дырысæй фæныхас кодта Гуырдзыстоны позицийы фæдыл.  Афтæдæр ИНО-йы  æдасдзинады советы  резолюцийæн, Гуырдзыстон æндæр 80 паддзахадимæ иумæ æмспонсордзинад скодта», – райхъусын кодта Гуырдзыстоны  премьер-министр.

Хуыздæр