Ираклий Гъарибашвили – Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны ахастытæ сты уникалон, дæнцон партнерадæй, йæ къух сараздзыстæм  стабилон  Хуссар Кавказæн, уый у нæ иумæйаг нысан
Ираклий Гъарибашвили – Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны ахастытæ сты уникалон, дæнцон партнерадæй, йæ къух сараздзыстæм стабилон Хуссар Кавказæн, уый у нæ иумæйаг нысан

Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны æхсæн ис  æнгом экономикон  æмгуыстад, стратегион партнерад æмæ сегасдæр сæйраг, хæлардзинад, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвили  хицауады  администрацийы  Гуырдзыстон-Азербайджаны æхсæнхицауадон  экономикон  комиссийы рабадтыл райхъусын кодта.

Ираклий Гъарибашвили куыд банысан кодта афтæмæй,  Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны ахастытæ сты уникалон, кæцы фæлтæрд у  фæстаг  азты æмæ æнусты дæргъы.

«Ис нын  хæлардзинад æмæ фидар  хæларсыхагон  ахастытæ.  Æхсызгон у, цæмæй цалдæр къуырийы размæ  сфысым кодтам Ильхам Алиевæн, уый уыдис  иттæг нысаниуæгджын визит  Гуырдзыстонмæ. Æркастыстæм цæугæ стратегион проекттæ, ныффыстам плантæ, кæцыты  нын бадзырдтæ уыдзæн абон.

Фæнды мæ  райгондæй  банысан кæнын, цæмæй  иумæйаг  комиссийы  рабадтытæ  фæактивон сты фæстаг   периоды.  Уыдис мын  цыт, фарон  хайад райстаин  фæнысангонд  комиссийы.  Афтæдæр мæ фæнды  банысан кæнын,ц æмæй ацы аз  сбæрæгбон кодтам символонæй дипломатон ахастытæй сфидар кæныны 30 азы  сæр.  Нæ адæмты æхсæн, нæ бæстæты æхсæн    ис æххæст кæрæдзиæмбæрст æмæ хæлардзинад, ацы ахастытæ  ноджы  фидар дæр кæнынц. Хъуамæ банысан кæнон   дæнцон  партнерадæй,  йæ къух сараздзыстæм   бирæ стабилондæр  Хуссар Кавказæн.  Уый у нæ иумæйаг нысан, æиумæйаг фæндон, цæмæй  фенæм стабилон  регоин, кцы уыдзæн  фылдæр  экономикон  райрæзты  æмæ фарны бындур нæ адæмтæн», –   райхъусын кодта Гъарибашивли.