Ираклий Гъарибашвили гом фыстæг  публикаци кæны Михеил Саакашвилийы тыххæй
Ираклий Гъарибашвили гом фыстæг публикаци кæны Михеил Саакашвилийы тыххæй

Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвили, раздæры президент Михеил Саакашвилийы  фæдыл   гом  фыстæг    публикаци кæны.   Уый  ныхас кæны  уыцы версийы фæдыл,  цæмæй цы нысанæн  æрцыд Михеил Саакашвили Гуырдзыстонмæ.

«Бирæ  верси  ис гæнæн уа. Иуæй-иутæ хъуыды кæнынц, цæмæй хицаудзинад æрыздахыны  фæндон, эгоизм æмæ   «Националон Змæлды»  æндæр  лидертæм зæрдæхсайды  тыххæй  æмæ  хъусдард йæхимæ раздахынæн, барæй  ацы ахæстонмæ.

Иннæтæ  хъуыды кæнынц, цæмæй  хицауад фæфæлдæхты   фæндæй  æрцыд, кæцы хъуыддаджы  æнтысты  уырнæг уыд. Уый кой дæр кæнынц, ома  наркотиктыл уæззау  бастдзинады фоныл, йе уынаффæты фæстиуджытæ  бахыгъд кæнын хъом нæ уыд.

Михеил Саакашвилийы  психологион æмæ психикон   уавæр  ахæстонмæ бацыды онг æмæ уый фæстæ   радикалонæй  ивд æрцыд.  «Националон Змæлды»  маст кæнынц, цæмæй сæ лидер  уæззау  уавæры  ис æмæ йæ ахæстонæй  æнæаргъæвгæйæ   рауадзын домынц.  Дзурынц, цæмæй  уый  нæдæр Мерабишвили  у æмæ нæдæр Ахалаиа, æмæ уый тыххæй  ахæстоны  стыр рæстæджы дæргъы уæвын нæ бафæраздзæн.  Саакашвилийы  ацы  уавæр  балы  мидæг уæззау  райстой, фæлæ   цы ракæной,  уый  зонгæ  дæр нæ кæнынц», – дзырдæуы  гом фыстæджы.

Ираклий Гъарибашвили  æнæлогиконæй схуыдта  верси, цæвиттон Саакашвилийæн  рагафон плангонд  уыд æрцæуын æмæ ахæстонмæ  бахауын, уымæн æмæ  ахæм цауы уый легалонæй  æрцыдаит бæстæмæ  æмæ   йæхи ахæстонмæ раттаит.

«Уый тыххæй дæр,  сегасдæр логикон  уæддæр уыцы верси ис гæнæн фенхъæлæм, цæмæй  Саакашвили Гуырдзыстонмæ,   ахæстонмæ бахауыны тыххæй  нæ фæлæ,  хицауады фæфæлдæхты фидар ныфсæй  æрцыд», – хъуыды  кæны  Ираклий Гъарибашвили.

Премьеры фидиуæнæй,  зæгъгæ Националон Змæлды  сæ бон нæ бацис  рагхыгъд скæнын  уый, цæмæй абон  Гуырдзыстоны паддзахадон институттæ  реалонæй  кусынц.

«Саакашвили Гуырдзыстонмæ æрцыд æмæ  хицауады  фæфæлдæхт  раст  афтæ  «æнтыстджынæй» сплан кодта, куыд «æнтыстджынæй» дæр иу рæстæджы  хицау кодта  бæстæйæн.  Ахæм у  йæ бал  «Националон Змæлд»  дæр æмæ раст уый тыххæй  фестады  сæ  9-азон   хицауадон æмæ  9 азон  оппозицион куыст,  æнæнтысты  18  азон историйæ.

Уый йеддæмæ ма  нæ  дæр уый  рагхыгъд скæнын бацыи сæ бон, æмæ  2003  азы   æдых  паддзахадон институтты  бæсты, абон  сыл  дзæбæх организацигонд  паддзахадон  институттæ  амбæлдысты.   Æнхъæлдтой, цæмæй æнцонтæй сыххæст кодтаиккой сæ план.  Фæлæ ацы  цауы дæр, уыдон  сæхи гæдыдзинады  амæттаг фесты.  Нырид азты дæргъы «Националон Змæлд»  æмæ йæ пропагандистон   партион телеуынынадтæ архайынц «калд паддзахады»  мæнг тæлмæн  сæвзæрын кæнын, æмæ ацы  гæдыдзинады  сæхæдæг бауырныдта. Реалонæй  «калд паддзахады»  бæсты  Саакашвилийы Гуырдзыстоны  дзæбæх организацигонд  паддзахадон  системæ  амбæлд.

Растдæр ай æппæтæй  ис  гæнæн райхалын  Саакашвили  психикон  уавæры   радикалон   ивд  ахæстоны   размæ æмæ   ахæстонмæ  бахауыны фæстæ, –   мидбылхудгæйæ бацыд  ахæстонмæ  æмæ  ныр та,    уырдгæй исты амæлттæй  раирзвæзынæй  дарддæр ницæуыл  мæт кæны»,-  фыссы «Фейсбукы»  Ираклий Гъарибашвили.