Ираклий  Гъарибашвили фембæлдис Азербайджаны хъахъхъæнынады министр Закир Гасановимæ
Ираклий Гъарибашвили фембæлдис Азербайджаны хъахъхъæнынады министр Закир Гасановимæ

Гуырдзыстоны премьер-мнистр  Ираклий Гъарибашвили  фембæлдис  Азербайджаны Республикæйы   хъахъхъæнынады министр Закир  Гасановимæ.  Хицауады  администрацийы пресс-куысты   информацийæ  фарсытæ  æркастысты дыууæ бæстæйы  æхсæн стратегион партнерад æмæ фидæны  æмгуыстады бонвæтк.

«Хъусдард здæхт уыжис   цæугæ азы октябры, Азербайджаны президент Ильхам Алиевы  Гуырдзыстонмæ визитмæ.  Хицауады сæргълæууæгы  дзырдæй,  ацы визит  ноджы иу  хатт  бахахх кодта  бæстæты æхсæн  хæларсыхагон  æмæ  хæлар ахастыты  æмæ уæвæг   егъхау потенциал, уый нымæцы  базарадон-экономикон   æрдгæй.

Ныхас уыд  сабырдзинады æмæ стабилондзинад срæвдз кæныны  неысаниуæгыл адæмты  фарн æмæ  регионы  райрæзтæн.  Премьер ноджы  иу  хатт  банысан кодта, цæмæй  Гуырдзыстон цæттæ у,  фидæны дæр, алы гæнæн  фæндагæй,  йæ къух сараза диалогæн  дыууæ  сыхаг бæстæйы  æхсæн.

Хъусдард здæхт уыдис  Ираклий Гъарибашвилийы инициргонд  «Хуссар Кавказы  сыхы  сабырадон инициативæйæн», кæцыйы  Хуссар Кваказы  паддзахадтимæ иумæ, æхсæнадæмон партнертæ дæр исынц хайад.

Фарсытæ афæлгæстон æмгуыстад  фадыгон  уагдæтты æхсæн æмæ   регионон нысаниуæгы  инфраструктурæйы проекттæ.

Банысан ис, цæмæй 2022  аз юбилейон  у, уымæн æмæ Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны æхсæн  дипломатон  ахастытæ  сфидарк æнынæй  сæххæст 30 азы.