Ираклий Гъарибашвили фембæлдис Азербайджаны æрдзон ресурсты министримæ
Ираклий Гъарибашвили фембæлдис Азербайджаны æрдзон ресурсты министримæ

Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  фембæлдис  Азербайджаны  Республикæйы  экологи æмæ  æрдзон ресурсты министр Мухтар  Бабаевимæ.

Хицауады администрацийы  уагъд фембæлдыл   Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны  республикæйы   æхсæн  уæвæг   стратегион   æмгуыстады  æрдæмадтæ æркастысты, кæцы дыууæдæр бæстæйæн приоритетон у.  Разагъд уыд  уæвæг   фæстиуæгджын  æмгуыстады  ноджы  фæарфдæр кæнынмæ цæттæдзинад.  Премьер-министры дзырдæй, Азербайджаны  Республикæйы   президент Ильхам Алиевы  Гуырдзыстонмæ  визитæн сæрмагонд нысаниуæг ис æмæ дыууæ бæстæйы  æхсæн  диссаджы ахастытæ  хахх кæны.

Ныхас уыд   эекономикæйы æрдгæй  æмгуыстадыл.  Премьер-министр банысан кодта, цæмæй  Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны Республикæ  нæфæсайгæ транзитон  партнертæ сты æмæ иуæймаг   транспортон къæлидор  æууæнкаг дистрибуцион  æмæ  глобалон базартæм рацæуæны  фадат  дæтты.

Бахахх ис  регионон нысаниуæгы инфраструктурон    проектты  æххæстæй  скусын кæныны æмæ Гуырдзыстон-Турк-Азербайджаны  æмгуыстады нысаниуæг.

Фембæлдыл уыдысты Азербайджаны Республикæйы  сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар Гуырдзыстоны Фаик Гулиев  æмæ Гуырдзыстоны  æрдзы хъахъхъæды æмæ  хъæууон хæдзарады  министр Отар Шамугиа.

Информаци хуъсын кæны  Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куыст.