Ираклий Гъарибашвили фембæлдис Арабты Иугонд Эмиратты президентимæ

19:59, 31.10.2022

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  АИЭ-ы президенты Шейх Мохамед  ибн Заид  Ал-Нахайянимæ фембæлдис.

Фембæлдыл  дыууæ бæстæйы  æхсæн  æндæр æмæ æндæр сферæты  уæвæг  æнтыстджын   æмгуыстады  сæйраг   æрдæмадтæ афæлгæстой.  Бахахх ис  бæстæты æхсæн политикон диалогы  бæрзонд  æмвæзад, кæцыйы бæлвырдгæнæг  у  фæстаг азты  сыххæстгонд   бæрзонд рангы  визиттæ. Разагъд уыд  уæвæг  æнтыстджын  æмгуыстады  ноджы фæарфдæрмæ цæттæдзинад.

Банысан ис, ома Гуырдзыстоны æмæ Арабты Иугонд Эмиратты хсæн  сæрибар базарады  режим сфидар кæныны нысанæн, бадзырдтæ   активон   режимы  цæуынц,  Гуырзыстоны та, арабаг инвестицийæ æнæиу проект у  финансгонд æмæ  æхсызгон у  цæмæй   сæ нымæц   рæзы.

Ираклий Гъарибашвили банысан кодта, цæмæй   сæрибар базарады  зонæ саразын  пайдаджын климат  сараздзæн   дыууæ бæстæйы  æхсæн  экономикон   æмæ  базарадон   ахастытæ баахъаз кæнын æмæ   срайтынг  кæнынæн.  Бахахх ис, туризмы,  энергетикæйы, транспорты сферæты  уæвæг   стыр потенциалæй æххæст спайда кæныны  нысаниуæг. Банысан ис, цæмæй дыууæ бæстæйы æхсæн 2022  азы  фараст мæйы  дæргъы базарадон зилдух 84%-æй райрæзтис æмæ 190 милуан  доллармæ ахæццæ ис.

Хуыздæр