Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили фембæлдис «APM Terminals»-ы минæвæрттимæ.
Фарсытæ фæныхас кодтой Поты наулæууæны потенциалы æмæ райрæзгæ интерестыл Састæу къæлидоры æрдгæй.
Хъусдард здæхт уыдис уыцы фактмæ, ома уæзты райрæзгæ къадайы фоныл, Поты наулæууæны нырыккон инфраструктурæйы райрæзт сæрмагонд нысаниуæг исы. APM Terminals-ы минæвæрттæ фылдæр инвестицитæ ныввæрын æмæ уæвæг ифраструктурæйы модернизацимæ цæттæдзинад равдыстой.
Ныхас афтæдæр уыд фидæнмæ Поты порты гæнæн ауæрæхмæ.
Хицауады администрацийы ацæугæ фембæлдыл уыдысты APM Terminals-ы æрдгæй Европæ æмæ Азийы регионалон директор Игор ван дер Эссен æмæ APM Terminals Poti-ы генералон директор Жюльен Фернанес, æрмæст Гуырдзыстоны æрдгæй та вице-премьер, Гуырдзыстоны экономикæ æмæ æнæцудгæ рæзынады министр Леван Давиташвили .
Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куыст.