Ираклий Гъарибашвили фембæлдис æддаг хъуыддæгты æмæ æдасдзинады политикæйы фарстæты Евроцæдисы бæрзонддæр минæваримæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Еврокомиссийы вице-президент, фæсарæн хъуыддæгты æмæ æдасдзинады политикæйы фарстæты Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар Жозеп Борелимæ фембæлдис.
Комкоммæ фембæлдыл, кæцы Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоциацидзинад советы рабадты размæ ацыд, дыууæфарсон бонвæткы алы сæйраг æрдæмад æркастысты. Банысан ис уыцы прогресс, кæцы бæстæйæн ис экономикæйы, политикæйы æмæ демократизацийы реформæты сæххæсты цæстæнгасæй.
Хъусдард здæхт æрцыд ассоциацидзинады бадзырды имплементацийыл, æндæр æмæ æндæр сферæты æнтыстджын æмгуыстадыл, геополитикон процесстыл, оккупацигонд территоритыл уæвæг быцæусидты æмæ цæугæ политикон уавæры рдæм. Банысан ис, цæмæй хицауадæн ис амбицион план, Гуырдзыстон 2024 азы официалон куырдиат сараза Евроцæдисы æххæстаргъджын уæнгдзинадыл æмæ аразы алы хъæугæ къахдзæфтæ, цæмæй бæстæ уымæ цæттæ уа.
Ныхас баххæссыд бæстæйы айтынггонд политикон процесстыл. Бахахх ис цæугæ политикон процессты конструктивон, диалогы режимы ауадзыны æнæмæнгхъæуындзинад.