Ираклий Гъарибашвили - Фæнды нæ фенæм архайд, абон æмæ ацытæккæ, фарст уый мидæг ис, ома зæгъдзыстæм нæ адæмæн, цæмæй Гуырдзыстон райсдзæн политикон деклараци, æви сын хъуамæ бамбарын кæнæм, цæмæй ацытæккæ раст афон нæу
Мæ хъуыдымæ гæсгæ, нæ зæрдыл хъуамæ бадарæм адæмы æнхъæлц, нæ цæрджыты 80%-æй фылдæр разы сты идеяимæ, ома Гуырдзыстон хъуамæ суа Европаг бинонты уæнг, фæнды мæ фæлхатгæ зæгъын, цæмæй ай нæу æрмæст нæ хицауады равзæрст, Гуырдзыстон Евроцæдисимæ æрыввахсмæ тырны æнусты дæргъы – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр райхъусын кодта, Давосы экономикон форумы фæлгæтты ацæугæ панелыл – «Сыхимæ Евроцæдисы партнерадлы ногæй æмбарын».
Премьеры дзырдæй, Гуырдзыстонæн 2014 азæй амбицион реформæты бонвæтк ис.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны Евроцæдисимæ æрыввахсы фæндагыл ис рахатинаг прогресс.
«Ацы процесс 2014 азы нæ райдыдта, нæ къух куы бафыстам ассиацидзинады бадзырдыл уæд. Фæндыд нæ суыдаиккам цивилизацигонд Европæйы æмæ дунейы уæнгæй æнусты дæргъы. Афтæмæй ныр нæ фæнды, къухдариуæг кæнæм нæ адæмы æнхъæлцытæн, цæмæй нæ перспективæмæ гæсгæйæ, ацы процесс куыд уынæм, уырны нæ цæмæй тынг лоялон стæм Европаг принциптæм æмæ хæзнатæм, æххæст кæнæм демократон реформæтæ. Алы хъæугæ куыст кæнæм кæцы ис ассоциацидзинады бадзырды Сыххæст кодтам ассоциацидзинады бадзырды 45%-æй фылдæр. Ис нын амбицион реформæты бонвæтк 2014 азæй æмæ нын ис фæхуыздæр алды æрдæмадæй, фæнды закъоны сæйрагдзинад, фæнды расттæрхоны реформæ, гом хицауад. Ис нын рахатинаг прогресс æмæ адæм дæр æй уыны» – райхъусын кодта премьер.
Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны ныр хъæуы фена Евроцæдисæй архайд, абон æмæ ацытæккæ, цææмй алцыппæт уа бæрæг, адекватон æмæ уа æмбæлгæ реакци.
«Ныр фарст ис уый мидæг, ома рæзын кæнæм æви нæ ацы æнхъæлцытæ, цы зæгъæм адæмæн, райсдзæн Гуырдзыстон символон, политикон куырдиат æмæ банымад, цæмæй Гуырдзыстоны у Европаг бинонты хай, кæнæ та сын хъуамæ бамбарын кæнæм, цæмæй ацытæккæ уый афон нæу æмæ хъуамæ та банхъæлмæ кæсæм. Фæнды нæ фенæм архайд, абон æмæ ацытæккæ, уымæн æмæ дуне æндæргъуызон у. Ацытæккæ Украинайы цы цæуы, уый нæу æрмæст Украинайы æдасдзинадмæ æртхъирæн, уый у æнæхъæн европæйы æдасдзинады архитектурæмæ æртхъирæн. Фæнды мæ бакой уын кæнон хæсты тыххæй, кæцы нын уыдис 2008 азы. Хъыгагæн хъуамæ банысан кæнон, цæмæй абон цы иудзинад ис уый мах йеуæд нæ федтам. Æхсызгон у ацы иудзинад. Тынг дзæбæх у æмæ æнæхъæн Дунейы, цивилизаицигонд дунейы фидар реакци у, фæлæ мах, гуырдзыйæгтæ бафыстам æгæр бæрзонд аргъ, нæ хæдбарад ногæй куы сфидар кодтам уый фæстæ. 2008 азы егъаумасштабон хæст нын уыд Уæрæсеимæ, афтæдæр 90-æм азты дыууæ хæсты, нæ регионты – Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны. Ацы хæсты фæстиуæг у нæ историон территориты оккупаци. Æмбарæм уыцы сагъæстæ, кæцытæ ис евроцæдисы, фæлæ хъуамæ зонæм, цæмæй кандидаты статусы лæвæрд, уæнгтæм райст нæу. Ай у дæргъвæтин процесс, уый æмбарæм. Ис нын хæслæвæрд, кæцы у ассоциацидзинады бадзырд. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ныр нæ хъæуы, бæрæгдзинад, адекватон æмæ æмбæлгæ реакци Евроцæдисæй» – райхъусын кодта Гъарибашвили.