Ираклий Гъарибашвили – Европæйы бон  арфæ кæнын алкæмæн, кæмæндæриддæр зынаргъ сты европаг аргъдзинæдтæ, чидæриддæр Гуырдзыстоны фидæн уыны  Европаг  паддзахадты  стыр бинонты æхсæн
Ираклий Гъарибашвили – Европæйы бон арфæ кæнын алкæмæн, кæмæндæриддæр зынаргъ сты европаг аргъдзинæдтæ, чидæриддæр Гуырдзыстоны фидæн уыны Европаг паддзахадты стыр бинонты æхсæн

Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили, Европæйы  боны тыххæй   сæрмагонд сидты хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстон хæдбардзинад ногæй сфидар кæныны бонæй тырны  европаг тыгъдадмæ.

Премьер-министры дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстон-Европæйы абон куыд  фидар сты, афтæ   нырма никуы уыдысты.

«Ацы иудзинады æрдæм  бирæ къахдзæфтæ  сарызтам. 2014 азы  сæйраг  фæзындæй  уыд   ассоциацидзинады  бадзырд. Европæимæ  визон  барьеры  аивд  ноджы нæ  баввахс кодта нæ кæрдзи.

Евроинтеграцийы  процесс нæ абхазаг æмæ ирон æфсымæртæн  дæр уникалон   фадат у,  спайда кæной  алы  уыцы  фарнæй,    кæцы нæм æфты Европæимæ  æрыввахсæй.

Гуырдзыстон-Европæйы ахастытæ абон куыд фидар сты  уыйсйас фидар  никуы  уыдысты.  Арфгæнæг дæн   нæ  европаг  хæлæрттæн  æмæ партнертæн, се стыр  æххуысы  тыххæй,  ацы æххуысæй  цух Гуырдзыстоны   ахæм размæцыд гæнæн нæ  уыдаит.

2024 азы  сараздзыстæм  куырдиат  Евроцæдисы   æххæстаргъджын уæнгæй  суæвынæн.   Амондджын дæн  цæмæй  растдæр  абоны фæлтæрмæ  фæзынд фадат,  нæ  фыдæлты  бæллицц реалондзинадæй скæнын.

Алкæмæн уын арфæ кæнын Европæйы  бон!» – банысан кодта премьер-министр.