Ираклий Гъарибашвили – дзæбæх æмбарæм уый, цæмæй Евроцæдисы кандидаты статусы фæдыл уынаффæ сгуыхтдзинадыл æнцойæвæрд нæ фæлæ - политикон уыд, уырны нæ, бæстæмæ статус лæвæрд уыдзæн рæхджы
Фæнды мæ æхсæнадæн бакой кæнын, цæмæй нæ бæстæйы евроинтеграийы фæндагыл алы фарн, алы уыцы прогресс, кæ1цымæ фæстаг дæс азы мидæг æрцыдыстæм у нæ балы сгухытдзинад – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвили афæдзон хыгъдлæвæрд кæсыны рæстæджы райхъусын кодта.
Ираклий Гъарибашвили куыд банысан кодта афтæмæй, ацы аз Гуырдзыстонæн лæвæрд уыд Европаг перспективæ, кæцыйы сфæлгондзын уæдмæ зын уыдис.
«Фæнды мæ бавналын афæдзы сæйраг фæзындмæ, уый у Евроцæдисы уынаффæ, гуырдзыстонмæ лæвæрд уыд европаг перспективæ, кæцыйы уæдмæ сфæлгондзындæр зын уыдис. Ацы хæст фæтагъд кодта процесстæ. Мах уый дзæбæх æмбарæм. Æнхъæл уыдстæм цæмæй нæм лæвæрд уыдаит кандидаты статус, фæлæ æмбарæм цæмæй уый уыдис политикон уынаффæ, кæцы нæ удис æнцойæвæрд сгуыхтдзинадыл, ома Гуырдзыстонмæ ацы этапыл статус лæвæрд нæ уыд. Фæлæ уырны нæ, ацы статус бæстæ тынг тагъд райсдзæн. Уый зæгъыны бар мын дæтты уыцы аууæл æмæ уыцы æнтыстджын реформæтæ, кæцыты мах сыххæст кодтам. 12 рекомендаци, кæцытæ сбæрæг сты нæ бæтæйæн, лæмбынæг сыххæст кодта парламент æмæ нæ бастдзинадæй. Ныр æнхъæлмæ кæсæм нæ европаг коллегæты уынаффæмæ.
Фæнды мæ дзыллæйæн бакой кæнын, цæмæ нæ бæстæйы евроинтеграцийы фæндагыл алы дзæбæхдзинад, алы уыцы прогресс, кæцымæ фстаг дæс азы мидæг æрцыдыстæм у нæ балы сгуыхтдзинад æрмæстдæр, фæнды ассоциацидзинады бадзырд, стæй – сæрибар базарады фæдыл бадзырд, æнæвизæ режимæ, ныр та официалон куырдиаты бавдыст Евроцæдисы уæнгдзинады фæдыл æмæ ист Европаг перспективæ. Алцыппæт уый у «Картули Оцнебайы» сгуыхтдзинад» – загъта Гъарибашвили.