Ираклий Гъарибашвили æмæ Никол Пашиняны æхсæн уыд телефонæй ныхас
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили æмæ Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашиняны æхсæн уыд телефонон дзырд Информаци уый фæдыл Гуырзыстоны хицауады пресс-центр хъусын кæны.
Коллегæтæ ныхасы рæстæджы Гуырдзыстон-Сомихыстоны æмгуыстады бонвæткы цалдæр нысаниуæгджын фарста æркастысты.
Уымæй уæлдайма, Сомихыстоны премьер-министр гуырдзиаг коллегæйæн бавдыста информаци 31 октябры, Сочæйы ацæугæ æртæфарсон фембæлды фæдыл Сомихыстоны, Азербайджаны æмæ Уæрæсейы лидерты æхсæн.
Ираклий Гъарибашвили æмæ Никол Пашинян афтæдæр баивдтой хъуыдытæ регионы æнгом æмгуыстады æмæ ацы рæстæгмæ цæугæ фарстаты фæдыл.