Ираклий Чиковани Венгрийы минæваримæ хæрзбон зæгъыны фембæлд ауагъта
Ираклий Чиковани Венгрийы минæваримæ хæрзбон зæгъыны фембæлд ауагъта

Гуырдзыстоны премьер-министры хæдивæг æмæ хихъахъæнады министр Ираклий Чиковани, Гуырдзыстоны Венгрийы уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Анна Мария Шикоимæ хæрзбон зæгъыны фембæлд сарæзта.

Ираклий Чиковани Венгрийы минæварæн, кæцы Гуырдзыстоны дипломатон миссийы службæ кæны, бузныг расидтис Гуырдзыстон-Венгрийы дыууæфарсон ахастыты размæцыды нысаниуæгджын хайбавæрды тыххæй æмæ йын йæ цæст бауарзта æнтыстытæ.

Фембæлдыл фарсытæ бахахх кодтой Гуырдзыстон æмæ Венгрийы æхсæн уæвæг партнерады позитивон динамикæ. Хъусдард æрцыд дыууæ бæстæйы æхсæн къухфыст стратегион партнерады фæдыл иумæйаг декларацийы æмæ хъахъхъæнынады фадыджы æмкуыстдзинады фæдыл уæвæг документы нысаниуæгмæ.

Анна Мария Шико ныфс бавæрдта, цæмæй Гуырдзыстоны Венгрийы фидæны минæвар ноджы фæтыхджындæр кæндзæн дыууæ бæстæйы æхсæн уæвæг хæлардзинад æмæ партнердзинад.