Ираклий Чиковани  фембæлдис  АИШ-ы  европаг сæрдарады сплан кæныны, политикæйы, стратегийы æмæ фадæтты  директоримæ
Ираклий Чиковани фембæлдис АИШ-ы европаг сæрдарады сплан кæныны, политикæйы, стратегийы æмæ фадæтты директоримæ

Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр Ираклий Чиковани  АИШ-ы  европаг сæрдарады сплан кæныны, политикæйы, стратегийы  æмæ фадæтты директоримæ фембæлдис.

Хъахъхъæнынады министрады информацийæ, ираклий Чиковани  инæлар-мйор  Даниел  Ласикайæн  хъахъхъæнынады министрады сфысым кодта.

Хъахъхъæнынады министр   АИШ-ы  фарсæн Гуырдзыстонæн политикон æмæ практикон æххуысы  тыххæй  раррфæ кодта.

«Фарсытæ   хъахъхъæнынады сферæйы  АИШ-Гуырдзыстоны дыууæфарсон  æмгуыстады фарстатæ æмæ  фидæнон плантæ  æркастысты.   Фембæлдыл хаххгондæй фæнысан ис  Гуырдзыстоны  иргъæфхъомады  стынг кæныны  хъуыддаджы АИШ-ы  европаг сæрдарады  нысаниуæгджын  хайбавæрд,  хъахъхъæнынады министр æмæ инæлар-майор  Даниел Ласика  Гуырдзыстоны  бирæнацион  æфсæддон ахуыртæ ауадзыны нысаниуæгыл фæныхас кодтой.  Фембæлды  кæрон, фарсытæ   ныфс  равдыстой, цæмæй бæстæты æхсæн хъахъхъæнынад сферæйы  фæтсиуæгджын æмгуыстад ноджы стынг  дæр уыдзæн.

Визиты фæлгæтты  инæлар-мйор  Даниел Ласика  хъахъхъæнынады  тыхты  сæрдар инæлар-майор Гиорги Матиашвилиимæ фембæлдис.  Генералон штабы  уагъд фембæлдыл  фарсытæ   Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады  тыхты  æмæ АИШ-ы  европаг  сæрдарады æхсæн  æмгуыстады  цæугæ  фарстатæ æмæ   фидæнон плантыл фæныхас кодтой», –  дзырдæуы  хъахъхъæнынады министрады информацийы.