Гуырдзыстоны минæварæй НАТО-йы Ираклий Берайа снысан ис. Уый фæдыл Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад расидтис.
Ираклий Берайа æндæр æмæ æндæр рæстæджы куыста Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куысты къухдариуæггæнæджы фыццаг хæдивæг æмæ Гуырдзыстоны спецслужбæйы къухдариуæггæнæджы бынæтты.
Бирæ азты дæргъы Ираклий Берайа Гуырдзыстоны парламенты хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады комитеты æмæ æттаг ахастыты комитеты сæрдар у.
Уыд НАТО-йы парламентон ассамблейы парламентон делегацийы сæргълæууæг дæр.
Æндæр æмæ æндæр рæстæджы Ираклий Берайа экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрады националон инвестицион агентады директоры æмæ мидхъуыддæгты министрады реформæты æмæ размæцыды агентады директоры бынæтты куыста.