Ираклий Бераиа - НАТО-Гуырдзыстоны комиссийы рабадтыл, цы ран бавдыст сты 30 паддзахад, Гуырдзыстонимæ ныхас кодтой куыд æмбар субъектимæ
Парламенты сæрдары фыццаг официалон визиæй НАТО-мæ хаххгонд у парламентон бонвæткы евро-атлантикон интеграцийы нысаниуæг æмæ йæ сæрмагонд приоритетондзинад, – райхъусын кодта парламенты пленарон рабадтыл хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады комитеты сæрдар Ираклий Бераиа.
Йæ аргълæвæрдæй, визит афтæдæр нысаниуæгджын уыд регионы æдасдзинады уавæры виппайд фæкарзы æмæ европаг æдасдзинады фæдыл Уæрæсе æмæ НАТО-ы æхсæн цæугæ бадзырдты фоныл.
Ираклий Бераиа куыд банысан кодта афтæмæй, æмцæдисонты фидиуæнæй, НАТО-ы гом дуары политикæ æмæ Бухаресты 2008 азы саммиты уынаффæ, ногæй ничиуал æркæсдзæн.
Афтæма йæ дзырдæй, бæрзонд активондзинадæй райдыдта æмæ тынг æфсæст уыдзæн 2022 аз НАТО-Гуырдзыстоны æмгуыстады.
«Плангонд у бирæ бæрзонд æмвæзады визит Тбилис æмæ Брюсселы, НАТО-Гуырдзыстоны комиссийы бирæ рабадт, Гуырдзыстоны ацæудзæн НАТО-Гуырдзыстоны ахуыр, Гуырдзыстоны территорион датты æмæ порттæм альянсы æфсæддон ануты визиттæ. Афæдзы сæйраг фæзынд уыдзæн 2022 азы НАТО-ы Мадриды саммит, цы ран сбæлвырд уыдзæн аляьнсы ног стратегион концепци, кæцыйы бакуысты дæр активонæй баст у Гуырдзыстон», – райхъусын кодта комитеты сæрдар.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ, гуырдзиаг фарсмæ ис фидар æнхъæлц, цæмæй альянсы ног стратегион концепцийы æмбæлгæйæ бавдыст уыдзæн Гуырдзыстоны прогрес, НАТО-ы гом дуары политикæ, Бухаресты 2008 азы самиты уынаффæмæ йæ имплементацийы къахдзæфтæ.
«НАТО-мæ интеграци у æнæрмæст нæ æдасдзинады æмæ æддаг политикæйы сегасдæр сæйраг приоритет, фæлæ ма нæ цæрджыты цивилизацион æмæ аргъдзинæдты бындурæвæрд æвзæрст», – банысан кодта Ираклий Бераиа.