Иракли Къобахидзе – Евроцæдисы уæнгтæ 2030 азмæ суыдзыстæм æрмæстдæр уæздандзинадæй, чырыстон динæн, аргъуанæн æмæ æгъдауæн аргъ кæнгæйæ, хæдбардзинад æмæ суверенитетæй
Европæйыл нæ фидауы уыцы æнæрастдзинад, кæцы афтæ арæх хъусæм Евроцæдисы политиктæй æмæ бæрнон кусджытæй, Европæ нæ уарзы чырыстон догмæты ныхмæлæуд, ЛГБТ-пропагандæ, Европæ нæ уарзы æргомдзинад æмæ æндæр адæймæгты суверенитетæн æнæуынондзинад, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе, расидтис «Гуырдзиаг Бæллиццы» æвзарæнон кампанийы кæронбæттæн мадзалыл.
Къобахидзейы расидæнмæ гæсгæ, 2030-æм азмæ Гуырдзыстон Евроцæдисы уæнг суыдзæн æрмæстдæр намысæй, чырыстон динæн, аргъуанæн æмæ хæрзæгъдаудзинадæн кад кæнгæйæ.
«2030-æм азмæ Евроцæдисы уæнг суыдзыстæм æрмæстдæр намысæй, чырыстон динæн, аргъуанæн æмæ хæрзæгъдаудзинадæн, хæдбардзинад æмæ суверенитетæн аргъ кæнгæйæ. Европæйы æрдæм æрмæстдæр намысæй – ахæм политикæйæн бындур æрæвæрдта господин Бидзина Иванишвили æмæ уый тыххæй ноджы иу хатт бузныг зæгъын. Мах дæр æрмæстдæр сабырæй ацæудзыстæм Европæмæ. Æнæ сабырадæй нæдæр размæцыд ис, нæдæр европæйаг интеграци. Фæстаг цыппар азы мидæг мах фæрæзтам сеппæтæй уæззаудæр æлхъывдад æмæ шантажæн æмæ сеппæтæй стырдæр рискътæм æнæкæсгæйæ, бахъахъхъæдтам бæстæйы сабырад. Нæ хицауад у фыццаг хицауад хæдбардзинад сног кæныны фæстæ, кæцыйы рæстæджы бæстæйы нæ уыд хæст. Гуырдзыстоны 12 азы дæргъы æнæаскъуынгæ сабырад бахъахъхъæдтам æмæ ныр дæр, растдæр «Гуырдзиаг Бæллицц» у иунæг гаранти, цæмæй бæстæ адарддæр кæндзæн йæ сабырадон æмæ стабилон размæцыд алы æрдæм. Мах дæр Европæмæ ацæудзыстæм æрмæстдæр дидинæфтыдæй. Нæ ныхмæлæуджытæ арæх архайынц адæмы зæрдæмæ æвзæрын кæнын рæдыд хъуыды, зæгъгæ, Гуырдзыстонæн стыр æфтиагджын бæстæ суæвæн ис æрмæстдæр Евроцæдисмæ куы райсæм, уæд. Æцæгæй алцыппæт иннæрдæм у – Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ райсæн ис æрмæстдæр уæд, стыр æфтиагджын бæстæ куы суа», – расидтис Къобахидзе.