Интерполы бур циркуляры системæйы, кæцыйæ æвæндаг-æрбайæфт 1, 208 адæймагы агурынц, 18 сты гуырдзиæгтæ. Гуырдзыстоны æмбæстæгты фылдæр сæ сабибонты фæтар сты, уы тыххæй Интерполы официалон веб-фарсыл, сæ сабибонты афоны къамæ сты æвæрд, нырпыккон кары та бавдыст у æххæстадзыд адæймагы кар.
2004 азы Кутаисы гуырд Нуги Двалишвили, кæцы фараст аздзыдæй фесæфт, ныр 23 аздзыд хъуамæ уа. Фæтаруæвæг гуырдзиаг сывæллоныл Интерпол агуырд 2006 азæй расидт.
Авд æмæ аст адзыд уыдысты æрбайсæфты рæстæджы Тамар æмæ Гиорги Джанаватæ абон сыл цыдаит 27 æмæ 28 азы. Тбилисы гуырд æфсымæр æмæ йæ хойы 1997 азы фæстæ ничиуал федта. Ныридæгæн 20 аз у се ссарын нæдæр Интерполæн нтысы.
Фæтаруæвджыты номхыгъды сеппæтæй кæстæр сывæллоны къам у 1998 азы, Тбилисы гуырд Элене Гарсояны. Гуырдзыстоны æмбæстаг Францы, авд азы кары 2005 азы фесæфтис. Эленейы абоны кар у 19 азы.
Æрнымадгонд сывæллæтты сæфты хъуыддæгтæй хъауджыйæ, фылдæр информаци ис 2002 азы 24 июлы Цъхънетийæ скъæфт 15 аздзыд Мариам Гигонашвилийы фæдыл. Ууыл 18 июлы сæххæст уыдзæн 31 азы. Интерполмæ Мариамы фæдыл дæр бавдыст ис æрмæстдæр æрбайсæфтуæвæгы ссарынæн хъæугæ æрмæг, фæлæ 16 азы размæ резонансон скъæфты детæлттæ бæрæг сты медийæн дæр. Растдæр журналистты уæд ахæлиугонд информацийы руаджы, 2002 азы 25 июлы, скæфты дыккаг бон, скæфджытæ Мариамы фыдмæ телефонæй фæдзрттой æмæ æнахъомы ссæрибар кæнынæн æркуырдтой 100 000 доллар. Чызджы фыд æхца Тбилисы, бадзырд бынатмæ бахаста, фæлæ фыдгæнджытæ сæ дзыдлæвæрд нæ сæххæст кодтой, Мариам не ссерибар кодтой æмæ нал дæр бинонтæм фæдзырттой.
Фæтаруæвджыты ранымады ноджы иу 16 аздзыд гуырдзиаг чызджы Дареджан Диасамидзейы хъуыддаг ис. Дареджан фондз азы размæ, 2013 азы Хелвачауры районы Ахалшены хъæуæй фесæфт.
2010 азы 31 октябры Кутаисы фæтаруæвæг 19 аздзыд Натиа Гиоргадзе та хæдзарæй рахызт йе æмбалæн размæ рацæуыны тыххæй. Натиайы цæстдарæн камера Пушкины уынгыл сфиксир кодта. Изæрдалынгтæй ацы территорийæ сау BMW-ы маркæйы хæдтулгæ рацыд, кæцыйы номыртæ камерæйыл нæ зынынц.
Ника Сагъирашвили дыууæ азы размæ, 2016 азы 28 майы оккупацион хаххы цур Кордийы хъæуæй фæтар ис. Уый хæдзарæй донхæр доны æфсон рацыд æмæ йæ уый фæстæ ничиуал федта. Бинонтæ æмæ бынæттон цæрджытæ уырнæг сты, цæмæй Ника Сагъирашвилийы уырыссаг æфсæддæттæ аскъæфтой. Нырид дыккаг аз у, бинонтимæ иумæ гуырдзиаг фарс оккупацион режимæй Ника Сагъирашвилийы фæдыл информацийы райсын æнæфæстиуæгæй архайы. Эргнеты бадзырдтыл зæгъæн ис алы фембæлды рæстæджы баæуынц æвæндаг æрбайсæфты ныцарджытæ. Уыдон уырыссаг æфсæддæттæ оккупацион арæны дæргъмæ цы камерæтæ смонтаж кодтой уыдоны ныффыстытæ курынц. Цхинвалы а.х. официалон уæнгтæ, 27 аздзыд æрыгоны фæтаруыны хъуыддагимæ исты бастдзинадыл нæ сæттынц. Ника Сагъирашвилийы Интерпол æвæндаг æрбайсæфтуæвджыты номхыгъдмæ бахаста.
Æхсæнадæмон агуырды уæвы, 2016 азы фæтаруæвæг Гемели Небадзе. 40 аздзыд нæлгоймаг Аспиндзайы районы хъæу Тъолошийæ Туркмæ кусынмæ 2016 азы 5 августы ацыд. Æнæниздзинады уавæры тыххæй йæ, туркаг фарс фыдыбæстæмæ раздæхта, фæлæ Небадзе йæ хæдзармæ нал æрыздæхт.
Интерполы æвæндаг-æрбайсæфтуæвджыты номхыгъды ис 2007 азы 21 марты фæтаруæвæг , Тбилисы гуырд 19 аздзыд Ана Микутишвили æмæ Гуырдлзыстоны æхсæз æмбæстаг, æххæстаздзыд нæлгоймæгтæ, кæцыты фæдыл информац ссарын гæнæн нæй. Адон сты:
2014 азы Украинæйы, Донецкы районæй сæфт дыууæ гуырдзиаг: Кобулетаг 41 аздзыд Давит Шавишвили æмæ Гулрипшы уырд 35 аздзыд Гопал Стелян;
2010 азы 32 азы кары Турчы æвæндаг æрбайсæфт терджолайаг Гога Хахалеишвили;
2012 азы Канадайы яхтæйы фæдæлдоны фæстæ фæтаруæвæг 36 аздзыд Заза Лацабидзе, кæцы Хашурæй, фæсарæнтæм кусынмæ ацыд;
2011 азы 56 азы кары Уæрæсейы Федерацийы æрбайсæфтуæвæг Гуырдзыстоны æмбæстаг Владимер Хошбекян æмæ ацы азы 49 аздзыд кары Гуырдзыстоны територийыл фæтаруæвæг Малхаз Къакъашвили Гурæй.
Интерполы æвæндаг æрбайсæфтуæвджыты номхыгъды сеппæтæй фылдæр мигъджын æмæ абоны онг æнæбæрæг хъуыддаг æххæссы дыууæ сывæллонмæ, æнхъæлцау æфсымæртæм, кæцытæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ сты. Сæ фесæфыны бынат та, Интерполмæ гæсгæйæ уыд Къипры сахар Пафос.
Авд аздзыд Даниел æмæ 10 аздзыд Давит Мухулишвилитæ 2015 азы фесæфтысты. Гуырдзиаг сывæллæтты æрбайсæфты фæдыл æндæр хъусинæгтæ нæй. Иуæй-иу æрбайсæфтуæвæгы Давиты бæрæггæнæнты мидæг бавдыст у фыд , Зураб Мухулишвили, кæцыы къам Интерполы веб-фарсыл ис вæрд.
Фотомæ гæсгæйæ, Зураб Мухулишвилийы, фæтаруæвæг хъæбулæй хъуаджыйæ, бургъуыз циркуляры бæсты Интерпол агуры сырх циркулярæй. Гуырдзыстоны 43 аздзыд æмбæстаг Зураб Мухулишвилийыл Интерпол æхсæнадæмон агурд расидт Къипры барадхъахъæнæг органты æркуырдæй. Мухулишвилийы ныхмæ аххосæгтæ сты закъонон бардзырдмæ æнæкоммæгæсдзинад æмæ Къипры фæсарæнтæм æнахъомты скъæфт. Фæтаруæвæг хъæбулы æмæ агуырды уæвæг фыды фæдыл æндæр инфомаци, криминалон полицийы æхсæнадлæмон организацийы веб сайтыл бавдыст нæу. Афтæдæр æнæбæрæг у дыккаг сывæллоны, Даниел Мухултшвилийы æмæ агуырды уæвæг нæлгоймагы æхсæн хицон цæдис.
Даниелы ныййарджыты нæмттæ Интерполы веб-фарсыл бавдыст не сты. Æвæндаг æрбайсæфт сывæллæтты иунæг къамыл, кæцыйы публикаци кæны Интерпол, Давит æмæ Даниел ноджы иу се мкаримæ иумæ сты ист.