ИНО-ы минæварад – «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонопроекты райст тæссаг у æмбæстагон дзыллæйы, медиайы куыстæн, сæ хайбавæрдæн демократийы арæзтады
Иугонд Нациты Организацийы Гуырдзыстоны минæварад, «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонопроекты тыххæй фидиуæн публикаци кæны.
Фидиуæны банысангонд у, цæмæй ИНО Гуырдзыстоны арфæ сагъæстæ радзуры, «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонопроекты тыххæй æмæ нымайы, цæмæй фæнысангонд закъонопроекты райст тæссаг у æмбæстагон дзыллæйы æмæ медиайы куыстæн, сæ архайдон хайбавæрдæн Гуырдзыстоны демократийы рæзынады.
«Гуырдзыстоны æмбæстагон дзыллæйы организацитæ архайадон æххуыс кæнынц æхсæнады сегасдæр æнæхъахъхъæд къордтæн æмæ сæ барты сæрыл хæцынц. Æмбæстагон дзыллæйы куысты стигматизаци, гæнæн ис æнæхъахъъæд къордты æмбæлон æххуысæй фæцух кæна,сæ нымæцы амалхъомдзинад цух уæнгты, лигъдæтты, къаддæрдæрты минæвæрттæ, карджынтæ, сылгоймæгтæ, сывæллæттæ, хæдзарон тыхмидзинады амæттæгты æмæ æндæр адæймæгты, кæцытæн æнæмæнгхъæугæ у эффективон æххуыс æмæ фарсмæлæуд.
Закъонопроект тæссаг у ахæм барты цыт æмæ хъахъхъæдадæн, цахмæдæр сты иугæндты æмæ дзысты сæрибардзинæдтæ, æхсæнадон куысты хайадрайсыны бар, конфиденциалондзинады æмæ персоналон бæрæггæнæнтæ хъахъхъыныны бар æмæ дискриминацийы тобæ.
ИНО-йы адæймаджы барты советы Гуырдзыстоны нырыккон уæнгдзинад хынцгæйæ, курæг стæм Гуырдзыстоны парламентмæ.ю бацагурæт барадон хъуыдытæ фæнысангонд закъонопроектыл компетентон регионон æмæ æхсæнадæмон оргæнтæй, йæ æрдыл бадарæт ныридæгæн уæвæг хъуыдытæ ахæм закъондæттынады фæдыл æмæ ауадзæт уæрæх, инклюзивон æмæ мидисджын консультацитæ алы интересгонд фарсимæ, кæцытыл ацы закъонопроекты райст гæнæн ис фæзына.
Ахæм закъоны райст гæнæн ис,ф æкъуылымпы кæна ИНО-йы куыст æнæцудгæ райрæзты æмгуыстады бадзырды фæлгæтты, бæстæйы стратеги кæцыйыл мах Гуырдзыстоны хицауадимæ иумæ бафыстам къух Æртын азæй фылдæр у ИНО Гуырдзыстонæн æууæнкджын партнер æмæ æмцæдисон у, кæцы йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны рæзынадæн бæстæйы националон приоритеттæм æмбæлгæйæ æмæ æххуыс кæны Гуырдзиаг адæмæн нæ бынæттон партнертимæ иумæ, уыый неымæцы æмбæстагон æхсæнады æмæ медиимæ иумæ.
Курæг стæм Гуырдзыстоны хицауадæй, саразæт алы хъæугæ къахдзæф, цæмæй йæхи аиуварс кæной ахæм мадзæлттæй, кæцы тæссаг уыдзысты гуырдзиаг демократийæн æмæ фæкуылмпы кæндзæн Гуырдзыстоны рæзынадæн æххуыс» – банысангонд у фидиуæны.