ИНО-йы хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ, Дунейы амондджын бæстæты рейтингы, Гуырдзыстоны позици фæхуыздæр ис
Гуырдзыстон Дунейы амондджын бæстæты рейтингы 119-æм бынат ахсы. Æмбæлон хыгъдлæвæрд публикаци скодта ИНО. Фæнысан кæнинаг у, цæмæй ивгъуыд азы иртасæны Гуырдзыстон 128-æм позицийыл уыд.
Иртасæны автортæ рейтингы аразыны рæстæджы сæ зæрдыл дарттой ахæм фактортæ: æмтгæйон мид продукт иу удгоймагыл, социалон ифтонгад, царды астæуккаг дæрггъвæтиндзинад, æмбæстæгты сæрибардзинад, коррупцийы æмвæзад.
Дунейы сеппæтæй амондджын фондз бæстæйы æхсæн сты – Финлянди, Дани, Норвегий, Исланди æмæ Нидерландтæ.
Цыдæриддæр та Гуырдзыстоны сыхаг бæстæтæм æххæссы, Сомихыстон номхыгъды 116-æм бынатыл ис, Азербайджан 90-æм, Уæрæсе 68-æм, æрмæст Турк – 79-æм бынатыл.
Номхыгъды æппæты фæстаг бынат ахсы Хуссар Судан.
20 марты Дунейы амондджындзинады æхсæнадæмон бон нысан кæнынц, кæцыйы ИНО-йы генералон ассамблейы резолюцийæ 2012-æм азы расидтæуыд.