ИНО-йы генералон ассамблейы 76-æм сессийы президент Абдулла Шахид  Гуырдзыстонмæ  фæуазæг уыдзæн
ИНО-йы генералон ассамблейы 76-æм сессийы президент Абдулла Шахид Гуырдзыстонмæ фæуазæг уыдзæн

Гуырдзыстонмæ официалон визитæй  æрцæудзæн  ИНО-йы  генералон ассамблейы 76-æм сессийы   президент Абдулла  Шахид.  Уый уыдзæн ИНО-йы генералон ассамблейы  президенты  фыццаг  визит Гуырдзыстонмæ.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады  хъусинагæй,   визиты  фæлгæтты, ИНО-йы   генералон  ассамблейы  76-æм сессийы  президент фембæлдтæ ауадздзæн   Гуырдзыстоны  президент Саломэ Зурабишвилиимæ, премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ, парламенты   сæрдар Шалва Папуашвилиимæ,  æмæ фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвилиимæ.  Фæсарæн хъуыддæгты министримæ  фембæлды фæстæ  фарсытæ сараздзысты   иуæмйаг  фидиуæнтæ.

Гуырдзыстоны уæвгæйæ,  Ино-йы  генералон ассамблейы   76-æм сессийы  президент ныццæудзæн оккупацион хаххмæ,  цæст ахæсдзæн  тыхбын бынативгæ  уæнгты  цæрæн хъæумæ  Цъерованы  æмæ бынатыл  æрзонгæ уыдзæн    оккупацийы фæстиуæгæн   сырæзт уавæримæ æмæ  тыхбын бынативгæ  уæнгты   уавæртимæ.

«Уыимæ  ИНО-йы  генералон Ассамблейы  76-æм сессийы  президент  фæуазæг уыдзæн юстицийы хæдзармæ, цы ран  æрзонгæ уыдзæн   паддзахадон сервисты архайæг  моделимæ  æмæ уыцы реформæтимæ, кæцытæ æххæст кæны Гуырдзыстон «Гом фæткдæттынады   партнерады»  инциативæйы фæлгæтты  æмæ   кæцытæ  нысаниуæгджын рол  æххæст кæнынц   нæцудгæ  райрæзты нысæнтæ сæххæсты процессы.

Абдулла Шахид  афтæма  бæрæгдзау бацæудзæн  Гуырдзыстоны  ИНО-йы  офисмæ  æмæ   фембæлдтæ ауадздзæн   ИНО-йы   программæйы  баст æнæхицауадон  организациты  минæвæрттимæ», – банысангонд у   Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  уагдоны информацийы.

Сæ информацийæ, визиты  фæлгæтты, ИНО-йы  генералон  ассамблейы  76-æм сессийы   президент Абдулла Шахид, фæуазæг уыдзæн  Кахеты регионмæ, цæмæй æрзонгæ уа  регионы экономикон  æмæ туристон потенциалимæ.