ИНО-йы æдасдзинады совет Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл уæвæг уавæр æмæ 2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны конфликты фарста æркастис
ИНО-ы æдадсзинады совет, æхгæд рабадтыл, Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты 14-æм азы сæры фæдыл, Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл уæвæг уавæр æмæ 2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны конфликты фарста æркастис, – уый фæдыл информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.
«Рабадты фæуды фæстæ медимæ иумæйаг куырдиæттæй рацыдысты æдасдзинады советы уæнг бæстæты – АИШ-ы, Албанийы, Иугонд Паддзахады, Ирландийы, Норвегийы æмæ Францы, афтæма Советы фидæн уæнгты – Японийы æмæ Мальтæйы минæвæрттæ.
Уæлдæрбанысангонд бæстæты минæвæрттæ хъæддых фарсхæцын равдыстой Гуырдзыстоны хæдбардзинад, суверенитет æмæ æхсæнадæмон нымад арæнты йæ территорион æнæхъæндзинадæн; бафаудтой Уæрæсейы æнæзакъонон бырст æмæ æфсæддон уæвынад Гуырдзыстонæй æнæраскуынгæ регионты – Абхаз æмæ Цхинвалы регион/Хуссар Ирыстоны; уæззау гуманитарон æмæ æдасдзинады уавæр, уый нымæцы ахæм æнæзакъонон архæйдтытæ, цахæмдæр у, а.х. бордеризацийы процесс, бынæттон цæрджыты æнæзакъонон æрцахстытæ, æрибарæй змæлды куылымпыдзинæдтæ, а.х. ауадзæн пунктты дæргъвæтин æрыхгæд, Галы æмæ Ахалгоры районты этникон гуырдзиæгты дискриминаци æмæ мадæлон æвзагыл ахуырыл тобæдзинæдтæ».
«Хахх кæнæм Уæрæсе-Гуырдзыстоны конфликты сабырадон алыг кæныны æхсæнадæмон барады бындурыл, кæцы йæ хъуыдыйы дары ИНО-йы уагвæвæрд æмæ Хельсинкийы хатдзæгон акт, сæрмагондæй Украинайы ныхмæ Уæрæсейы æрдгæй цæугæ агрессийы конексты», – банысангонд у фидиуæны.
АИШ-ы Албанийы, Иугонд Паддзахады, Ирландийы, Норвегийы, Францы, Японийы æмæ Мальтæйы минæвæрттæ, ноджы иу хатт æрсидтысты Уæрæсемæ сæххæст кæна Евроцæдисы æххуысæй 2008 азы 12 августы æхст фæурæды фæдыл бадзырдæй йæхимæ цы хæстæ райста уый æппæт æмæ æнæаргъæвгæйæ акæнæт йæ æфсæддон æмæ æдасдзинады тыхтæ Гуырдзыстоны территорийæ», – банысангонд у фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийы.