ИНО-йы адæймагы барты совет Гуырдзыстоны оккупацигонд территориты фæдыл резолюци райста
ИНО-йы адæймагы барты совет Гуырдзыстоны оккупацигонд территориты фæдыл резолюци райста

Женевæйы, ИНО-йы адæймагы барты совет Гуырдзыстоны оккупацигонд териториты фæдыл резолюци райста – «Гуырдзыстонимæ æмкуыстдзинад».

Советы рабадтыл Гуырдзыстоны резолюци Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министры фыццаг хæдивæг Дарсалия Лаша бавдыста.

Йæ раныхасы министры фыццаг хæдивæг фæныхас кодта Абхазы æмæ Гуырдзыстоны Цхинвалы регионты адæймаджы барты хæлдтыты фæстиуæгæн бынатыл уæззау уавæрыл; Акцент æрцыд Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй Гуырдзыстоны территориты оккупацийы æмæ сæм эффективон контролы фактыл, кæцы сбæлвырд ис адæймаджы барты европæйаг тæрхондоны æмæ Æхсæнадæмон уголовон тæрхондоны уынаффæтæй.

Лаша Дарсалиайы ныхасмæ гæсгæ, Советы æмæ ИНО-йы адæймагы барты фæдыл уæлдæр къамисы бирæнымæц сидтытæм æнæкæсгæйæ, оккупацион паддзахад уæддæр нæ дæтты бар къамисы офисæн æмæ адæймаджы барты æндæр æхсæнадæмон механизмтæн оккупацигонд регионтæм бацæуын.

Гуырдзыстоны инициргонд резолюцийы дискуссийы рæстæджы Евроцæдисы, Болгарийы, Японийы, Люксембургы æмæ Финляндийы делегацитæ фарсылхæцæг расидæнтæ сарæзтой æмæ советы уæнгтæм æрсидтысты резолюцийы фарсылхæцындзинадæн.

24 советы уæнг рахæцыдысты документы фарс. Зæгъын хъæуы уый, æмæ фаронимæ абаргæйæ, уынаффæйы фарсхæцджыты нымæц кæй фæфылдæр.

11-æм октябры райсгæ резолюцийы, Уæрæсейы æрдыгæй Абхазы æмæ Цхинвалы регионты оккупацийы фæдыл рекорд фыццаг хатт æвдыст æрцыд. Адæймагы барты европон тæрхондоны 2021-2024 æскъуыддзæгтæм гæсгæ, резолюцийы дзырд цæуы Абхазы æмæ Цхинвалы регионты оккупацийыл æмæ Уæрæсейы бæрндзинадыл, куыд адæймаджы барты карз хæлдтыты эффективон контролгæнæг тыхы тыххæй.

Резолюцийы, адæймагы барты совет ноджы иу хатт бæлвырд кæны йæ фарсылхæцындзинад Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æхсæнадæмонæй нымад арæнты фæлгæтты.

Адæймагы барты совет серьозон тыхстдзинад сиды, Уæрæсейы оккупацигонд Абхаз æмæ Цхинвалы регионты этниконæй гуырдзиаг цæрджыты æндæр æмæ æндæр хуызы дискриминацийы æмæ адæймаджы барты хæлды фактты фæдыл. Резолюцийы афтæ дæр дзырд цæуы æппæтдунеон организациты активондзинады арæнæвæрд æмæ тыхархайдтыты тыххæй, кæцытæ здæхт сты оккупацигонд территоритыл эффективон контрол чи æххæст кæны, уыцы тыхы æрдыгæй æууæнкдзинад сног кæнынмæ.

Совет тыхстдзинад сиды, цæмæй адæймагы барты цæстдарæг æппæтдунеон æмæ регионалон механизмтæ оккупацигонд территоритæм бацæуыны бар нæй. Уæлдæр ранымад хынцгæйæ, Совет оккупацигонд Абхазы æмæ Цхинвалы регионты адæймагы барты фæдыл ИНО-йы Уæлдæр комиссары офисмæ æмæ æхсæнадæмон æмæ регионалон адæймаджы барты механизмтæм æвæстиатæй æмæ æнæарæнæвæрд домы.

Резолюцийы Совет 2008 азы 12 августы æхсты фæурæды бадзырды бындурыл арæзт æхсæнадæмон бадзырдты нысаниуæгдзинад банысан кæны Женевæйы. Афтæ дæр æвдыст цæуы Гал æмæ Эргнеты инцидентты превенцийы æмæ реагирдзинады механизмты роль.

Райстгонд резолюцимæ гæсгæ, ИНО-йы адæймаджы барты совет ИНО-йы адæймаджы барты фæдыл уæлдæр къамисæгæн хæслæвæрд дæтты, цæмæй Советы иннæ – 58-æм æмæ 59-æм рабадтыл резолюцийы реализацийы фæдыл дзыхæй æмæ фыстæй хыгъдлæвæрдтæ бавдиса.