Инфицирады бæрæггæнæнты 4% фæлгæтты бауромыны цауы, арæнæвæрдты этапгай аивд адарддæр уыдзæн
Æхсæнуагдонон координацион советы рабадтыл хаххгондæй банысан ис, ома ахсджиаг у, арæнæвæрдтæ фенцондæр кæныны æрдгæй арызт алы къахдзæф уа арæхсгæйæ, æмбаргæ æмæ хъæддых, цæмæй æппæрццагæй ма фæзына эпидемиологион уавæрыл æмæ мауал бахъæуа аивгæ арæнæвæрдтæ ногæй сфидар кæнын. Уымæ гæсгæ дæр, советы уынаффæйæ, басгæрсты æвæрццаг дзуаппыты бæрæггæнæнтæ 4%-ы фæлгæтты бауромыны цауы, бæстæйы архайæг арæнæвæрдты аивд этапгай адарддæр уыдзæн.
Ноджы иу хатт бахахх кодтой, маскæ раст дарыны æмæ социалон дистанци хъахъхъæды нысаниуæг. Банысан ис, цæмæй маскæтæй максималонæй пайда кæнын, интенсивон басгæрст æмæ вакцинаци сты уыцы иттæг нысаниуæгджын мадзæлтты æмдзыгуыр у, кæцы ахъаз уыдзæн экономикæ суæгъд кæнынæн, цырд темпæй йæ сæндидзын кæнынæн æмæ царды нормалон ритммæ амалуæвгæйæ тагъд æрыздæхынæн. Уымæй уæлдай ма, фæнысангонд мадзæлтты æмдзыгуыр бæстæйæн ратдзæн фадат, сæрды туристон сезоны фервæзын кæнын æмæ фæсарæйнаг визитортæн æдас уавæрты сфысым кæнын, кæцы экономикæйæн уыдзæн уæлæмхас туаггуырау.
Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куыст.