Индийы Бенгалийы штаты штормы амæттаг фесты 18 адæймаг

Индийы  ныгуылæн  Бенгалийы  штаты штормы амæттаг фесты  18 адæймаг. Аст адæймагы фæмард  Калькуттайы,  æхсæз  та  Хаоры. Ис  дзы  цæфтæ дæр.

Стихий  кæцы  штатыл  йæхи  боныцъæхыл   ныццавдта,   цалдæр мин  цæрæн  хæдзар базиан кодта.

Æдуидæгтæ  срæдывдта  дæсгай  бæлас.  Скуынæг  сты  электроадæттæн  хаххытæ. Дымгæйы  тыгъдад  сахаты мидæг  100  километрмæ æсхæццæ.

Бынæттон хицауады  фидиуæнæй, уыдон æмбæлон  куыстытæй   рагфæдзæхст  нæ райстой.