Инæлар Бен Ходжес -  хъуамæ  арвитæм  хуынд Гуырдзыстонмæ, цæмæй æнæаргъæвгæйæ  суа  НАТО-ы  уæнг
Инæлар Бен Ходжес - хъуамæ арвитæм хуынд Гуырдзыстонмæ, цæмæй æнæаргъæвгæйæ суа НАТО-ы уæнг

Европæйы   АИШ-ы  сурзæххон   æфсæдды   раздæры  сæйраг сæрдар инæлар  Бен Ходжес «eu observer»-ы  публикаци кæны сæрмагонд фыстæг,  кæцыйы  мидæг  Уæлхох Карабахы  айтынггонд фæзындтыл ныхас  кæны æмæ  хъусын кæны, цæмæй  НАТО зæгъгæ,  æнæаргъæвгæйæ  хъуамæ арвита  хуынд  Гуырдзыстон ы альянсы  уæнгæй суæвынæн.

Ходжесы  дзырдæй,    дипломаттæ зæгъгæ Уæлхох Карабахы   конфликты  аскуыддзаг  кæнын 1993  азæй  архайынц, фæлæ  «АмерикæйЫ, афтæма,  Францы æмæ  Европæйы  иннæ  хицауадтæ  фæстаг къуыриты мидæг  ницы  бахъом  сты, уый  аргъ та ныр  фиды Уæлхох Карабахы  адæм».

Ходжесы  дзырдæй,    Хуссар Кавказ, ныгуылæны  фылдæр бæстæты нырид азтæ  у  цы æрбайрох ис.

«Цæй ма  саразæм  ног, фидар ахастытæ  Сомихыстонимæ æмсæ  Азербайджанимæ,  фæтынг кæнæм  нæ  рагон  альянс  Туркимæ  æмæ  стынг кæнæм нæ уæвын гуырдзыстоны, Америкæйы уæлдæфон  æмæ  деджызон тыхты  инфраструктурæимæ. Афтæма  хъуамæ  хуынд арвитæм Гуырдзыстонмæ, цæмæй æнæаргъæвгæйæ  суа  НАТО-ы  уæнг.  Ацы сигналтæ  Кремлæн уый амонæг уыдзысты, цæмæй ацы регион  махæн у стратегион   интересджын»-  хъусын  кæны Ходжес.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,   æнæмæнгхъæугæ у, НАТО-Турчы   æмæ  Америкæ-Турчы æхсæн ахастытæ  сног кæнын.