Инæлар Бен Ходжес - Гуырдзыстон алцыппæт хъуамæ сараза цæмæй йæхи баиргъæва
Гуырдзыстон алцыппæт хъуамæ сараза цæмæй йæхи баиргъæва. Хъуамæ адарддæр кæна æнæтайгæ уæвын æмæ уый саразынæн та къуындæг хъуамæ æмкуыст кæна æмцæдисонтимæ, сæ нымæцы Сау Денджызы регионы – уый фæдыл генерал-лейтенант Бен Ходжес 2008 азы хæсты 10-æм азы сæры темæйыл «Америкæйы ъæлæсимæ» интервьюйы рæстæджы загъта.
Бен Ходжес Европæйы Америкæйы армийы сæрагкамандыгæнæг уыд. Ходжес хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстонмæ Уæрæсейы лæбурд уый дæнц у, цæмæй цахæм паддзахад у Уæрæсе æмæ уый ныгуылæн йæ зæрдыл хъуамæ дара.
Мах алчи стæм Уæрæсеимæ æнхъæлцау конфликты тасы раз. Уый гæнæн ис æндæр æмæ æндæр формæйæ уа – кинетикон, кибертыгъдады, уа бырст нæ институттæм. Зонут цы æрцыд 2016 азы махмæ æвзæрстыты рæстæджы. Алцыппæт уый Уæрæсейы æрдгæй æнæуромгæ уæзы бын ис. Нæ цæстытæ ма хъуамæ цъынд кæнæм. Ам Швейцарий кой нæ кæнæм – ныхас у Уæрæсейыл. Тас нæм æртъхъирæн кæны алкæмæ дæр, кæд мах цæттæ не стæм, нæ стæм тыхджын æмæ бæлвырдæй йын куы нæ зæгъæм, цæмæй бирæ цыдæртæ махæн нæйрасгæ сты. Гуырдзыстон алцыппæт хъуамæ сараза цæмæй йæхи баиргъæва. Хъуамæ адарддæр кæна æнæтайгæ уæвын æмæ уый саразынæн та къуындæг хъуамæ æмкуыст кæна æмцæдисонтимæ, сæ нымæцы Сау Денджызы регионы. Ацы æмгуытады сты информацийы, бæрæгдзау куыстыты амæлтты æмæ фæрæзты фæхай кæнын. Бæстæйы мидæг та, кæд ис коррупци, кæд адæм хицауадыл не ууæндынц, кæд медимæ сæрмагонд хъуаыддаг аразыны фадат нæй æмæ кæд блибералон демократийы сæйраг принциптæ нæ кусынц, уæд Уæрæсе уый æппæтæй æнæмæнгæй спайда кæндзæн»- хъусын кæны Бен Ходжес.