Инæлар Бен Ходжес - Гуырдзыстон алцыппæт хъуамæ  сараза  цæмæй  йæхи  баиргъæва
Инæлар Бен Ходжес - Гуырдзыстон алцыппæт хъуамæ сараза цæмæй йæхи баиргъæва

Гуырдзыстон алцыппæт хъуамæ  сараза  цæмæй  йæхи  баиргъæва.  Хъуамæ   адарддæр кæна  æнæтайгæ уæвын  æмæ   уый  саразынæн  та   къуындæг хъуамæ æмкуыст кæна  æмцæдисонтимæ, сæ нымæцы   Сау Денджызы  регионы  –  уый фæдыл    генерал-лейтенант Бен Ходжес  2008 азы  хæсты 10-æм  азы сæры  темæйыл «Америкæйы  ъæлæсимæ»  интервьюйы рæстæджы  загъта.

Бен Ходжес  Европæйы   Америкæйы  армийы  сæрагкамандыгæнæг  уыд.  Ходжес  хъусын кæны, цæмæй  Гуырдзыстонмæ  Уæрæсейы  лæбурд  уый  дæнц у,  цæмæй  цахæм паддзахад у Уæрæсе  æмæ  уый  ныгуылæн йæ  зæрдыл хъуамæ дара.

Мах алчи  стæм  Уæрæсеимæ  æнхъæлцау  конфликты  тасы раз.  Уый  гæнæн ис æндæр æмæ æндæр формæйæ  уа –  кинетикон,  кибертыгъдады,   уа бырст  нæ  институттæм.  Зонут цы æрцыд  2016 азы  махмæ æвзæрстыты  рæстæджы.  Алцыппæт уый Уæрæсейы æрдгæй   æнæуромгæ  уæзы  бын ис.  Нæ  цæстытæ   ма  хъуамæ  цъынд кæнæм.  Ам  Швейцарий кой нæ кæнæм – ныхас  у Уæрæсейыл.  Тас  нæм æртъхъирæн кæны  алкæмæ дæр, кæд  мах цæттæ не  стæм,   нæ  стæм тыхджын  æмæ   бæлвырдæй   йын куы нæ  зæгъæм,  цæмæй    бирæ  цыдæртæ  махæн нæйрасгæ  сты.  Гуырдзыстон алцыппæт хъуамæ  сараза  цæмæй  йæхи  баиргъæва.  Хъуамæ   адарддæр кæна  æнæтайгæ уæвын  æмæ   уый  саразынæн  та   къуындæг хъуамæ æмкуыст кæна  æмцæдисонтимæ, сæ нымæцы   Сау Денджызы  регионы.  Ацы æмгуытады  сты    информацийы,   бæрæгдзау куыстыты  амæлтты æмæ фæрæзты   фæхай кæнын.  Бæстæйы мидæг та,   кæд ис  коррупци, кæд   адæм хицауадыл  не  ууæндынц,  кæд  медимæ сæрмагонд хъуаыддаг  аразыны фадат  нæй  æмæ кæд блибералон  демократийы  сæйраг  принциптæ нæ кусынц, уæд Уæрæсе  уый æппæтæй  æнæмæнгæй  спайда кæндзæн»-  хъусын кæны  Бен  Ходжес.