Ильхам Алиев сиды, цæмæй Иран, Азербайджаны ныхмæ террористон акт сыххæст кодта – «Террористон акты аххосджынтæ хъуамæ æфхæрд æрцæуой»
Иран Азербайджаны ныхмæ террористон акт сыххæст кодта. Уый фæдыл Азербайджаны президент Ильхам Алиев , æдасдзинады советы рабадты рæстæджы расидтис.
«Иран, Нахичеваны автономон республикæйы территоримæ æнæпилотон тæхæг аппараттæй æрбабырста, æмбæстагон объекттыл цæфтæ сыххæст кодта. Нахичеваны æхсæнадæмон аэропорт, йæ терминал, скъола æмæ æндæр объекттæ бахаудысты Ираны уæззау æхсты бын. Азербайджайнаг фарс, карзæй сиды, цæмæй террористон акты аххосджынтæ хъуамæ æфхæрд æрцæуой», -расидтис Алиев.
Ильхам Алиев, Нахичеваны автономон республикæйы территорийыл æнæбындур террористон акт æмæ Азербайджаны ныхмæ агресси схуыдта.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, Азербайджаны гарзифтонг тыхтæн бахæс кодтой дзуаппон мадзæлттæ бацæттæ æмæ сыххæст кæнын.
Алиевы ныхасмæ гæсгæ, Иран, Азербайджаны ныхмæ террористон акт фыццаг хатт нæ сыххæст кодта. Уый зæрдыл æрлæууын кодта Тегераны, Азербайджаны минæварадмæ бабырст.
Уымæй дарддæр ма, Азербайджаны президенты ныхасмæ гæсгæ, Баку бирæ хатт расидтис, цæмæй Азербайджаны территорийæ нæ спайда кæндзысты искæцы сыхаг бæстæйы ныхмæ.
«Мах уый нæ бауадздзыстæм æмæ уый раздæр дæр никуы уагътам.Азербайджан нæ архайдта æмæ нæ архайдзæн Ираны ныхмæ операциты. Уый у нæ позици, уымæн æмæ Азербайджанæн ницы интерес ис сыхаг бæстæты ныхмæ исты операцитæ ауадзын, нæ политикæ уый бар нæ ратдзæн.Мах бахъахъхъæдтам æмæ бахъахъхъæндзыстæм нæ территорион æнæхъæндзинад.Терористон архайд, кæцыйы сарæзтой Ираны æппæт æндæр фактортимæ иумæ, у дæнцæг Ираны æнæбузныгдзинад», — расидтис Алиев.
Алиевы ныхасмæ гæсгæ, Азербайджаны гæрзифтонг тыхтæ, хихъахъæнады министрад, арæнгæрон службæ æмæ æндæр специалон дæлхайæдтæ инцидентмæ гæсгæ сты мобилизгонд æмæ цæттæ хъуамæ уой цыфæнды операци ауадзынмæ.
Уæ информацийæн, Азербайджаны меди хъусын кæны, цæмæй Нахчываны горæты аэропортмæ хæстæг ирайнаг дронтæ спырх сты. Срæмыгъды фæстиуæг дыууæ адæймаг фæцæф сты. Бынæттон медийы информацийæ, ноджы иу дрон Шекарабады хъæуы сæрмæ атахт.