Ильхам Алиев – Гуырдзыстон нæ ратта бар йæ тæрриторийы уылты Сомихыстонмæ хæцæнгарз нылласын, фæнды мæ уый тыххæй Гуырдзыстоны хицауадæн бузныг зæгъын
Азербайджаны президент Ильхам Алиев Гуырдзыстоны хицауадæн арфæ кæны, Сомихыстонмæ Гуырдзыстоны уылты хæцæнгарз баласын кæй нæ бауагъдта, уый тыххæй.
«Куыд æй зонут, афтæмæй, Гуырдзыстон нæ ратта бар йæ территорийы уылты Сомихыстонмæ хæцæнгарз нылласын», – хъуцсын кæны Алиев. Йæ ныхæстæм гæсгæ растдæр уый тыххæй у, ацы тæккæ хæцæнгарз Сомихыстонмæ транспортон хæдтæхджытæй Каспийыбылгæрон бæстæты территориты уылты æмæ уæлдæфон фæндагæй кæй ласынц.
Дзырдæуы цæугæ азы июлы иуæй-иу медиа-фæрæзты ахæлиугонд информацийы фæдыл, цæвиттон Сербий Сомихыстонмæ хæцæнгарз Гуырдзыстоны территорийы уылты нылласта.
«Гуырдзыстоны ахаст уыд аккаг партнермæ куыд æмбæлы ахæм. Фæнды мæ уый тыххæй сын бузныг зæгъын Гуырдзыстоны хицауадæн. Мæ бон зæгъын у, цæмæй Гуырдзыстоны хицауады мах уынæм æууæнкаг партнер æмæ хæлары», -дзуры Ильхам Алиев.
Азербайджаны президент дзуры, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны иу кæны куыд историон цæдистæ, афтæ иумæйаг интерестæ. Афтæма йæ ныхæстæм æгсгæ, абон уæвæг, рæзгæ æмгуыстад та, дыууæ бæстæйы æхсæн иумæйаг интерестæн лæггад кæны æмæ дыууæ дæр бæстæйы хицауадтæ æнгом контакты сты кæрæдзиимæ.
«Азербайджан кæддæриддæр Гуырдзыстонæн æнцой дарæг у. Ныр нал æрнымайдзынæн ацы историон факттæ. Фæлæ Азербайджан кæддæриддæр райы у Гуырдзыстоны райтынгæй, фарнæй æмæ стабилондзинадæй», – хъусын кæны Ильхам Алиев.
Афтæма медийы ахæлиугонд информацийыл, цæвиттон «12 июлы онг цалдæр бон агъоммæ, Сомихыстонмæ Сербийæ æндæр æмæ æндæр калибры минометтæ нылластой Гуырдзыстоны уылты», Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад цæугæ азы 20 июлы ратта дзуапп. Уагдон ахæлиугонд информацийы схуыдта тенденционæй æмæ банысан кодта, цæмæй медийы ахæлиугонд информацийы нысан уыд дыууæ партнер бæстæйы æхсæн проблемæтæ сцырын кæнын.