Илья Дыккаг - Абон Хуыцауæй курæг стæм, цæмæй Светицховелийы тыхæй нын Хуыцау раттæнт сабырад, фарн, уарзондзинад æмæ Гуырдзыстоны æнæхъæндзинад
Абон Хуыцауæй курæг стæм, цæмæй Светицховелийы тыхæй нын Хуыцау раттæнт сабырад, фарн, уарзондзинад æмæ Гуырдзыстоны æнæхъæндзинад – уый фæдыл ÆПпæт Гуырдзыстоны Каталикос Патриарх Илья Дыккаг, райхъусын кодта Светицховелийы кафедралон аргъуаны.
Илья Дыккаг Гуырдзыстонæн раарфæ кодта Светицховлобайы бæрæгбон.
«Абон у стыр националон бæрæгбон Мцхетоба, Светицховлоба.Арфæ уын кæнын алкæмæн дæр. Цин æмæ хъыг кæрæдзийы ивынц куыд фаззон æфсымæртæ афтæ. Бирæ фенæг у Светицховели æмæ Мцхета, бирæ хорз æмæ бирæ та уæззау. Абон Хуыцауæй курæг стæм, цæмæй Светицховелийы тыхæй нын Хуыцау раттæнт сабырад, фарн, уарзондзинад æмæ Гуырдзыстоны æнæхъæндзинад. Нæ фыдæлтæ иу дзырдтой, гуырдзиаг адæймаг зæгъгæ йæ къухæй сыджыт куы сиса æмæ йæ радуца, уæд дзы уырдгæй хъизæмаргæнджыты туг ратæдздзæн, фæлæ иурæстæгонæй уый дæр зонæм, цæмæй стыр фарн зилы ам ацы сыгъдæг ран. Паддзахы, Патриархты æмæ эпископты куывд иу æххæст цыдис Светицховелийы. Алкæмæн уын арфæ кæнын ацы стыр бæрæгбон» – райхъусын кодта Æппæт Гуырдызстоны патрирах Илья Дыккаг, Светицховелийы аргъуаны.
Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос Патриарх, илья Дыккаг абоны æбрæгбонмæ гæсгæ, премьер-министр мамука Бахтадзейæн, Давит Агъмашенебелийы дзуар, æрмæст Тбилисы мэр Каха Каладзейæн та, Тамар Паддзахы дзуар алæвæрдта.