Раст иу къуыри рацыд Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илиа Дыгкагы амæлæтæй.
Сионы аргъуанмæ кувæг адæмы цыд нæ æрлæууы.
Патриарх Илиа Дыгкакы, Самебайы кафедралон аргъуанæй, Сионы аргъуанмæ куы раивтой, уый фæстæ 22-æм мартæй Гуырдзыстоны алы регионæй адæм цæуынц кад кæнынмæ.
Йæ Сыгъдæгдзинадæн ингæн кæронмæ цæттæгонд нæма æрцыд, нырма дзы ис кæронбæттæн куыстытæ.
Динамонджытæ 40 боны дæргъы Сионийы зианы куывд ауадздзысты.