Илиа Дыккаг – фæнды мæ тæккæ абон раарфæ уын кæнон Гуырдзыстоны  хæдбарады боны фæдыл
Илиа Дыккаг – фæнды мæ тæккæ абон раарфæ уын кæнон Гуырдзыстоны хæдбарады боны фæдыл

Алы гуырдзиагæн  æмæ Гуырдзыстоны алы æмбæстагæн    ахсджиаг æрхæстæг кæны, нæ бæстæйы хæдбардзинады  бон, – 26 май, фæнды  мæ тæккæ абон уын  раарфæ кæнон  хæдбардзинады бон. Хуыцау  йæ  хорзæхæй  бахъахъхъæнæт  Гуырдзыстон æмæ сымах  алкæй – уый фæдыл Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх  Илиа Дыккагы фыстæджы  дзырдæуы.

«Бæрæг куыд у афтæмæй,  бæстæйы Хæдбарад æрмæст  1921  азмæ аххæссыд, фæлæ  адæмæн   стыр ныфс æмæ сæрибардзинадæн тохы стимул ратта; уый тыххæй уыд, æмæ большевиктæ  хицаудзинад  куы  бацахстой,  нæ  дзыллæ, æппæт Гуырдзыстон, сæ  тыхмион  режимы ныхмæ слæууыд  æмæ  уымæй  ссæрибар кæнын архайдта. Адæмæн  æфсæддон ныхмæлæуды æмæ  адæмон растадмæ  цæттæдзинадæн Какуца Чолохъашвилиимæ æмæ   æндæртимæ иумæ   къухдариуæг кодта   фыдыбæстæйы   дыссаджы   фырт, Гуырдзыстоны хæдбарады  акты тексты  автор, Тбилисы  униерситеты иуæй-иу бындурæвæрæг, Гуырдзыстоны аргъуаны автокефалийы  сног кæныны æмхайадисæг,  националон-демокративон партийы сæрдар, Сыгъдæг  Илиа Расты (Чъавчъавадзе)  хойы фырт, Котэ (Константинэ) Абхази (Шервашидзе).  Фæлæ  сæсусæгвæндгæнджыты  гадзрахат  схъæр кодта» –  фыссы Патриарх  æмæ  æрнымадта  уыцы 15  гуырдзиаг æфсæддоны нæмттæ, кæцыты  100 азы размæ  Тбилисы Вакейы  паркы  территорийыл  чекисттæ  ныццагъдтой.

«Нæ адæм,  сæрмагондæй   фæсивæд, хъуамæ зонæт  ацы  æхсарджынты  нæмттæ,  Советон атеистон   режимы  ныхмæ Гуырдзыстонæн  сæхи чи снывонд кодта уыдоны истори, уымæн  æмæ ацы ивгъуыд, нæ хæдбарады, нæ  абоны  боны  бындур у» – дзырдæуы  Патриархы   фидиуæны.