Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили 13-14 апрелы Чехы Республикæмæ фæуазæг уыдзæн. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад хъусын кæны.
Уагдоны хъусинагæй, визиты фæлгæтты Гуырдзыстоны фыццаг дипломат фембæлдтæ ауадздзæн Чехы фæсарæн хъуыддæгты министримæ, Ян Липавскиимæ, кæцыйы фæстæ дыууæ бæстæйы фæсарæн хъуыддæгты министртæ иумæйаг пресс-конференци сараздзысты.
«Илиа Дарчиашвили ма фембæлдзæнис Чехы европаг хъуыддæгты министр, Микулаш Бекимæ æмæ Чехы Республикæйы парламенты депутатты палатæйы сæрдар, Маркеты Пекарова-Адамоваимæ», – дзырдæуы фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийы.