Илиа Дарчиашвили  Женевæйы, ИНО-йы  адæймаджы барты советы  бæрзонддæр æмвæзады сегменты  55-æм сессийы  фæлгæтты  дзырдæй  ралæудзæн
Илиа Дарчиашвили Женевæйы, ИНО-йы адæймаджы барты советы бæрзонддæр æмвæзады сегменты 55-æм сессийы фæлгæтты дзырдæй ралæудзæн

Фæсарæн  хъуыддæгты министр  Илиа Дарчиашвили  26  февралы  хайад райсдзæн ИНО-йы адæймаджы барты   советы   бæрзонд рангы  сегменты 55-æм  сессийы  æмæ  уым уæвæг  æхсæнадмæ дзырдæй  баздæхдзæн,  –  уый фæдыл  информаци Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрад хъусын кæны.

Уагдоны хъусинагæй, министр фæныхас кæндзæн   Гуырдзыстоны 2022-2030  азты адæймаджы   барты  хъахъхъæды   националон   стратегийыл  æмæ  гуырдзиаг фарсы  тыхархайды  æмæ  арызт къахдзæфтыл цæрджыты æндæр æмæ æндæр   къордты  барты  хъахъхъæды æрдгæй.

«Сæрмагонд хъусдард  здæхт уыдзæн  оккупацигонд Абхаз æмæ Цхинвалы регионы  уæвæг   уавæрмæ адæймаджы барты  æмæ гуманитарон цæстæнгасæй.

Женевæмæ визиты фæлгæтты, фæсарæн хъуыддæгты министр фембæлдтæ  ауадздзæн  ИНО-йы  адæймаджы  барты советы президентимæ, ИНО-ы  адæймаджы барты  бæрзонддæр комиссаримæ, ИНО-ы лигъдæтты фæдыл бæрзонддæр  комиссаримæ æмæ коллегæ  министртимæ», – банысангонд у æддагполитикон уагдоны информацийы.