Илиа Дарчиашвили  визитæй  араст уыдзæн Израилы Паддзахадмæ
Илиа Дарчиашвили визитæй араст уыдзæн Израилы Паддзахадмæ

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министр Илиа Дарчиашвили  1-3 майы   Израилы паддзахадмæ фæуазæг уыдзæн. Уый фæдыл  информаци хъусын кæны  фæсарæн хъуыддæгты министрад.

Уагдоны информацийæ,  Дарчиашвили   фембæлдтæ  ауадздзæн   Израилы   паддзахады   президентимæ, афтæма бæстæйы   æххæстгæнæг æмæ закъондæттæг    хицауады бæрзонддæр уæнгтимæ.

«Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министры Израилмæ  визиты  фæлгæтты къухбафыст уыдзæн   Гуырдзыстоны æмæ Израилы   хицæуæдты æхсæн бадзырдыл  туризмы   сферæйы   æмгуыстады фæдыл æмæ иумæйаг  деклараци  Гуырдзыстоны æмæ Израилы  паддзахады æхсæн   сæрибар  базарады фæдыл бадзырдтæ райдаынмæ  техникон-экономикон   иртасыны фæдыл.

Банысан кæнинаг у уый, цæмæй Илиа Дарчиашвили  фембæлдзæнис Израилы  гуырдзиаг  диаспорæйы минæвæрттимæ», –  банысангонд у  æддагполитикон уагдоны информацийы.