Илиа Дарчиашвили визитæй араст уыдзæн Израилы Паддзахадмæ
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили 1-3 майы Израилы паддзахадмæ фæуазæг уыдзæн. Уый фæдыл информаци хъусын кæны фæсарæн хъуыддæгты министрад.
Уагдоны информацийæ, Дарчиашвили фембæлдтæ ауадздзæн Израилы паддзахады президентимæ, афтæма бæстæйы æххæстгæнæг æмæ закъондæттæг хицауады бæрзонддæр уæнгтимæ.
«Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министры Израилмæ визиты фæлгæтты къухбафыст уыдзæн Гуырдзыстоны æмæ Израилы хицæуæдты æхсæн бадзырдыл туризмы сферæйы æмгуыстады фæдыл æмæ иумæйаг деклараци Гуырдзыстоны æмæ Израилы паддзахады æхсæн сæрибар базарады фæдыл бадзырдтæ райдаынмæ техникон-экономикон иртасыны фæдыл.
Банысан кæнинаг у уый, цæмæй Илиа Дарчиашвили фембæлдзæнис Израилы гуырдзиаг диаспорæйы минæвæрттимæ», – банысангонд у æддагполитикон уагдоны информацийы.