Илиа Дарчиашвили туркаг коллегæимæ фембæлдыл дыууæ бæстæйы стратегион  партнерады фарстатæ афæлгæста
Илиа Дарчиашвили туркаг коллегæимæ фембæлдыл дыууæ бæстæйы стратегион партнерады фарстатæ афæлгæста

Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили  официалон  визитæй Турчы  Республикæмæ фæуазæг ис.

Æддагполитикон уагдоны  информацийæ.   Визиты фæлгæтты, Илиа Дарчиашвили  дыууæфарсон  фембæлд  ауагъдта  Турчы фæсарæн  хъуыддæгты министр Хакан  Фиданимæ.

«Гуырдзыстоны æмæ Турчы  фæсарæн хъуыддæгты министр æркастысты  дыууæ бæстæйы æхсæн  уæвæг  стратгеион  партнерады бонвæткæй  бæрæг  нысаниуæгджын фарстатæ.

Хъусдард здæхт  уыдис  стратегион   транзитон  æмæ энергетикон  проектты реализацийы  фарстайыл.  Фарсытæ  афæлгæстой Гуырдзыстоны, Азербайджаны  æмæ Турчы  æмæ транзитон  потенциал. Ацы контексты  банысан кодтой, Баку-Тбилис-Хъарсы æфсæнвæндагон  магистралы   афтæма, Астæу къæлидоры  райрæзты нысаниуæг.

Сæрмагонд хъусдард здæхт уыдис  регионы цæугæ   процессты æмæ  æдасдзинады  расидтытæм.  Фембæлдыл, ноджы иу хатт сбæлвырд ис  Турчы æнæцудгæ фарсдарын  Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн.

Хъусдард раздæхтой  регионы æнæцудгæ  æмæ стабилон  райрæты  æнæмæнгхъæуындзинады, афтæма  Гуырдзыстоны  æмæ Турчы  ролыл регионы   сабырдзинадæн  кух саразыны   цæстæнгасæй.

Ныхас уыдис Гуырдзыстон-Турк-Азербайджаны  æртæфарсон   æмгуыстады  æнтыстджын  форматыл, кæцыйы фæлгæтты   марты  мæйы   ацæудзæн   Гуырдзыстоны-Турк-Азербайджаны  фæсарæн хъуыддæгты министрты æртæфарсон   министериал.

Гуырдзыстоны æмæ Турчы фæсарæн хъуыддæгты министртæ баивдтой  информаци актуалон  æхсæнадæмон  фарстаты тыххæй æмæ   афæлгæстой  æхсæнадæмон организациты  фæлгæтты  æмгуыстад фæарфдæры  перспективæтæ» –   банысангонд у  æддагполитикон уагдоны информацийы.