Илиа Дарчиашвили райста хайад ГУАМ-ы уæнг бæстæты æддаг хъуыддæгты министрты советы рабадты
Илиа Дарчиашвили райста хайад ГУАМ-ы уæнг бæстæты æддаг хъуыддæгты министрты советы рабадты

Илиа Дарчиашвили райста хайад ГУАМ-ы уæнг бæстæты æддаг хъуыддæгты министрты саоветы рабадты

Гуырдзыстоны æддаг хъуыддæгты министр райста хайад демократи æмæ экономикон размæцыды организаци ГУАМ-ы æддаг хъуыддæгты министрты советы 41-æм рабадты, кæцы 2023-æм азы, 12-æм декабры Брюселы «Скæсæн партнерады» министериалы фæлгæтты сырæзт.

Æддаг хъуыддæгты министрады информацимæ гæсгæ, рабадты, кæцыйæн къухдариуæг кодта Украинайы æддаг хъуыддæгты министр Дмитро Кулеба, истой хайад Молдовайы вице-премьер, æддаг хъуыддæгты æмæ европон интеграцийы министр Нику Попеску, Азербайджаны æддаг хъуыддæгты министр Джейхун Байрамов æмæ ГУАМ-ы генералон нымæрдар Алтай Ефендиев.

Фарсытæ схаццæг кодтой Украинайы къухдариуæгдзинады фæлгæтты ГУАМ-ы боны фæткъы уæвæг политикон, парламентты æхсæн æмæ секторон сфератæ.

Фембæлды фæлгæтты азербайджайнаг фарс бавдыста 2024-æм азы приоритетты æмæ æмкуыстдзинады сæйраг здæхтыты фæдыл информаци.