Илиа Дарчиашвили польшайаг коллегæимæ телефонон бадзырдтæ  ауагъдта
Илиа Дарчиашвили польшайаг коллегæимæ телефонон бадзырдтæ ауагъдта

Фæсарæн хъуыддæгты министр, Илиа Дарчиашвили  телефонæй  фæныхас  кодта  польшайаг  коллегæ, Радослав Шикорскиимæ. Информаци уый фæдыл   фæсарæн хъуыддæгты министрад хъусын кæны.

Уагдоны информацийæ, фæсарæн хъуыддæгты министр  раарфæ кодта коллегæйæн  фæнысангонд позицийыл снысан  æмæ йын æнтыстытæ ракуывдта  йæ фидæн куысты.

«Фарсытæ  цæттæдзинад равдыстой æнгом  æмгуыстадмæ  дыууæ бæстæйы цæдистæ  дарддæры  фæарфдæр кæныны нысанæй.  Польшæйы  фыццаг дипломат  гуырдзиаг колегæйæн  раарфæ  кодта Гуырдзыстонæн Евроцæдисы  уæнг бæстæтæм кандидаты статусы алæвæрды фæдыл.

Фæнысан ис  цæмæй ацы  уынаффæ Гуырдзыстоны  тырнынады,  тыхархайды æмæ  баххæсгæ прогрессы нымадмæ райст у.  Илиа Дарчиашвили  бузныг загъта  коллегæйæн  Польшæйы æрдгæй   Гуырдзыстонæн Европаг  тырнынады  хъæддых  фарсхæцыны тыххæй.

Гуырдзыстоны европаг   интеграцийы фæндагыл афтæдæр бахахх ис  хурыскæсæн партнерады  форматы нысаниуæг, кæцыйæ  Гуырдзыстон  æнтыстджынæй пайда кæны. Фарсытæ  фæныхас кодтой Гуырдзыстоны æмæ Польшæйы æхсæн  уæвæг  æнгом хæлар  ахастытыл  æмæ æркастысты  Гуырдызстоны æмæ Польшæйы æхсæн  дыууæфарсон  æмæ бирæфарсон  форматты  æмгуыстады актуалон фарстатæ» – банысангонд у  фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийы.